12 Роховам йӕ азымыл куы басаст, уӕд дзы Дунедарӕг аздӕхта Йӕ маст ӕмӕ йӕ нал бабын кодта. Стӕй Иудейы хорзӕй дӕр исты уыди.
Кӕд уыцы сахары дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз рӕстгӕнӕджы ис, уӕд та? Ау, фесафис уыцы бынат, нӕ йын ныббарис дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз рӕстгӕнӕджы тыххӕй?
Фӕхъыг ыл кӕндзысты Израилы адӕм ӕмӕ йӕ зӕппадзы бавӕрдзысты. Йоровамы хӕдзаронтӕй иунӕг уый ӕрцӕудзӕни зӕппадзы ӕвӕрд, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, иунӕг уымӕ ссардта хорз миниуджытӕ.
Ӕмӕ-иу паддзах Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ куы фӕцӕйцыди, уӕд-иу йӕ хъахъхъӕнджытӕ уыцы уартытимӕ йемӕ рацыдысты, стӕй-иу сӕ фӕстӕмӕ хъахъхъӕнджыты уатмӕ бахастой.
Ӕниу, хорзӕй дӕр цыдӕртӕ сарӕзтай, уымӕн ӕмӕ Иудейы зӕххыл Ашерӕйы цӕджындзтӕ акалдтай, Дунедарӕджы агуырдтай зӕрдиагӕй».
Афтӕ зӕгъы Бӕрзонд, Кадджын, Мыггагмӕцӕрӕг, Уаз Чи хуыйны, Уый: «Ӕз цӕрын уаз бӕрзӕндты, фӕлӕ ма ноджы — састзӕрдӕтимӕ ӕмӕ сӕрныллӕгтимӕ. Састзӕрдӕтӕн раттын ныфс, сӕрныллӕгтӕн сӕ зӕрдӕтӕ райгас кӕнын.
Адӕмӕн ма йыл сӕ дӕсӕймаг хай куы баззайа, уӕд дӕр та ногӕй гӕныстонмӕ ӕрцӕудзӕни. Фӕлӕ теревинф ӕмӕ тулдз бӕласӕй, куы сӕ акалынц, уӕд бындзӕфхад куыд баззайы, афтӕ уыдонӕй дӕр баззайдзӕни уаз мыггаг».
«Дунедарӕгӕн Йӕ хӕрзаудӕн нӕ сысы, Йӕ хорзӕх нӕ сӕфы —
Ӕвӕндонӕй Уый адӕймаджы бафхӕры, фӕриссын ын кӕны йӕ зӕрдӕ.
Тӕригъӕдтӕ фӕкодтам, нӕ Дӕм хъуыстам, — Ды нын нӕ ныббарстай!
Уӕдӕ уӕхи ӕрныллӕг кӕнут хъомысджын Хуыцауы раз, ӕмӕ, афон куы ралӕууа, уӕд уӕ сбӕрзонд кӕндзӕн.