10 Паддзах Роховам сын сӕ бӕсты сарӕзта ӕрхуы уартытӕ ӕмӕ сӕ, паддзахы галуанмӕ бацӕуӕны цы хъахъхъӕнджытӕ лӕууыд, уыдонмӕ радта.
Хӕстонтӕн сӕ номдзыддӕртӕй уыди, фӕлӕ, ӕфсадӕн цы ӕртӕ уӕлдӕр разамонӕджы уыд, уыдонмӕ нӕ хаудис. Давид ӕй йӕ хъахъхъӕнджыты сӕргъы сӕвӕрдта.
Йеходайы фырт Бенайа разамынд лӕвӕрдта керетӕгтӕ ӕмӕ пелетӕгтӕн, Давиды фырттӕ уыдысты сауджынтӕ.
Соломон скодта дзӕбугӕй цагъд ӕмӕ сыгъзӕринӕй астӕрд дыууӕсӕдӕ стыр уарты, алкӕмӕн дӕр дзы йӕ сыгъзӕрины уӕз уыди ӕхсӕзсӕдӕ шекелы.
Роховам уыдоны бӕсты скӕнын кодта ӕрхуы уартытӕ ӕмӕ сӕ паддзахы галуаны дуар хъахъхъӕнджыты хицӕутты бӕрны бакодта.
Ӕмӕ-иу паддзах Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ куы фӕцӕйцыди, уӕд-иу йӕ хъахъхъӕнджытӕ уыцы уартытимӕ йемӕ рацыдысты, стӕй-иу сӕ фӕстӕмӕ хъахъхъӕнджыты уатмӕ бахастой.
Мысыры паддзах Шишак Йерусалиммӕ ӕрбацыд ӕмӕ, Дунедарӕджы Кувӕндон ӕмӕ паддзахы галуаны хӕзнадӕтты цыдӕриддӕр уыди, уыдон рахаста. Соломон цы сыгъзӕрин уартытӕ скодта, уыдон дӕр райста.
О, додой! Куыд ныссау ис сыгъдӕг сыгъзӕрин! Кувӕндоны зынаргъ дуртӕ алы тигътыл ныххӕлиу сты!