1 Роховам хъомысджын паддзах куы сси ӕмӕ йӕ паддзахы бадӕны куы ’рфидар ис, уӕд Дунедарӕджы Ӕгъдауыл йӕ зӕрдӕ сивта, ӕмӕ йемӕ ӕппӕт Израил дӕр.
Ӕрмӕст, Иудӕйы хӕдзарвӕндаджы сахарты цы израилӕгтӕ царди, уыдонӕн паддзахӕй баззади Роховам.
Соломоны фырт Роховам Иудейы паддзах куы сси, уӕд ыл цыди иу ӕмӕ дыууиссӕдз азы. Дунедарӕг Израилы хӕдзарвӕндӕгты ӕппӕт зӕххытӕй цы сахар равзӕрста, Йӕ ном дзы цӕра, уый охыл, уыцы Йерусалимы Роховам паддзахиуӕг фӕкодта ӕвддӕс азы. Йӕ мад Наама уыди аммонаг чызг.
Ӕмӕ-иу ын зӕгъдзысты, сӕ фыдӕлты сын Мысырӕй чи ракодта, уыцы Дунедарӕджы, сӕ Хуыцауы, кӕй ныууагътой ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕм кувыныл кӕй фӕцайдагъ сты ӕмӕ сын лӕггад кӕй кӕнынц, уый тыххӕй сыл ныххуырста Дунедарӕг ацы бӕллӕх».
Фӕлӕ иудейӕгтӕ дӕр не ’ххӕст кодтой Дунедарӕджы, сӕ Хуыцауы, фӕдзӕхстытӕ. Сӕ хъуыддӕгтӕй фӕзмыдтой израилӕгты.
Уыдон стыр ахъаз фесты Иудейы паддзахад сфидар кӕнынӕн. Сӕ фӕрцы Соломоны фырт Роховам ӕртӕ азы паддзахиуӕг кодта, уымӕн ӕмӕ уыцы ӕртӕ азы дӕргъы адӕм цыдысты Давид ӕмӕ Соломоны фӕндагыл.
Паддзах Роховам зондджын ми бакодта: йӕ фыртты се ’ппӕты дӕр арвыста Иудӕ ӕмӕ Бениамины зӕххыты алы рӕттӕм, бырутӕй ӕхгӕд сахартӕм. Алкӕмӕн дӕр дзы парахатӕй радта фӕсауӕрц ӕмӕ сын бирӕ устытӕ ӕрхаста.
«Соломоны фырт Роховамӕн, Иудейы паддзахӕн, стӕй, Иудӕ ӕмӕ Бениамины зӕххытыл чи цӕры, уыцы израилӕгтӕн се ’ппӕтӕн дӕр зӕгъ:
Роховам йӕ паддзахы бадӕны ӕрфидар ис ӕмӕ дарддӕр паддзахиуӕг кодта Йерусалимы. Паддзах куы сси, уӕд ыл цыдис иу ӕмӕ дыууиссӕдз азы. Дунедарӕг Израилы ӕппӕт хӕдзарвӕндӕгты ’хсӕн Йӕ номыл кӕй равзӕрста, уыцы сахар Йерусалимы Роховам паддзахиуӕг фӕкодта ӕвддӕс азы. Йӕ мад Наама уыдис аммонаг чызг.
Уыдон та Дунедарӕджы, сӕ фыдӕлты Хуыцауы, Кувӕндоныл сыстырзӕрдӕ сты ӕмӕ лӕггад кӕнын райдыдтой Ашерӕйы цӕджындзтӕ ӕмӕ гуымирытӕн. Уый тыххӕй Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджыты Дунедарӕджы азар баййӕфта.
Додойаг фестут, тӕригъӕдджын адӕм, ӕгӕр стыр у уӕ азым! Фыдгӕнджыты мыггаг, фыдбоны гуырдтӕ! Ныууагътат Дунедарӕджы, Израилы Стыр Хуыцауы нал хъуыды кӕнут, уӕ чъылдым Ӕм раздӕхтат.
О абоны фӕлтӕр! Дунедарӕджы ныхас бамбарут! Мыййаг, Ӕз искуы Израилӕн ӕдзӕрӕг быдыр, саудалынг зӕхх фестадтӕн? Уӕдӕ цӕмӕн зӕгъынц Мӕ адӕм: «Кӕдӕм нӕ фӕнды, уырдӕм цӕудзыстӕм, нӕ Дӕм раздӕхдзыстӕм?»
Ефремӕн-иу йӕ ныхас куы райхъуыст, уӕд-иу адӕмыл ризӕг бахӕцыд. Стыр кад ын уыд Израилы, фӕлӕ Баалы тыххӕй азымджын фӕци ӕмӕ бабын ис.
Ды ӕххӕст кодтай Амрийы ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ фӕзмыдтай Ахавы фӕдонты хъуыддӕгтӕ, уыдоны уынаффӕтӕм гӕсгӕ цӕрыс. Уымӕ гӕсгӕ дӕ Ӕз ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзынӕн, дӕ цӕрджыты дын сӕгад кӕндзынӕн, адӕмтӕн хынджылӕггаг суыдзыстут.
Афтӕмӕй Йешуруныл хуыз фӕхӕцыд, ӕмӕ зӕвӕтдзӕгъдӕн систа. Снард сты, сӕ цармы нал цыдысты ӕмӕ коммӕ нал кастысты. Сӕхи атигъ кодтой се Скӕнӕг Хуыцауыл, ныууагътой сӕ ирвӕзӕн Къӕдзӕхы.
Цы Къӕдзӕх уӕ ныййардта, Уый ныууагътат, Кӕй фӕрцы рантыстыстут, Уыцы Хуыцауы ферох кодтат.
Хӕстмӕ-иу куы рацыдысты, уӕд-иу Дунедарӕг алкӕддӕр уыди сӕ ныхмӕ, рагацау сын куыд дзырдта ӕмӕ куыд расомы кодта, афтӕ. Израилӕгтӕ цъысымы бахаудысты.