Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 11:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Паддзах Роховам царди Йерусалимы. Иудейы сахарты алыварс сарӕзта бырутӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 11:5
14 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Паддзах Роховам зондджын ми бакодта: йӕ фыртты се ’ппӕты дӕр арвыста Иудӕ ӕмӕ Бениамины зӕххыты алы рӕттӕм, бырутӕй ӕхгӕд сахартӕм. Алкӕмӕн дӕр дзы парахатӕй радта фӕсауӕрц ӕмӕ сын бирӕ устытӕ ӕрхаста.


Уый рацарӕзта Вифлеем, Етам, Текоа,


Уый бацахста Иудейы фидӕрттӕ ӕмӕ ӕрбахӕццӕ ис Йерусалиммӕ.


Иудейы сахарты цы кувӕн къуыбыртӕ ӕмӕ хуры цыртсурӕттӕ уыди, уыдон фехалын кодта. Асайы рӕстӕджы Иудейы паддзахады сабыр рӕстӕг скодта.


Паддзах Аса ӕрӕмбырд кодта ӕппӕт иудейӕгты ӕмӕ, дурӕй, хъӕдӕй, Бааса фидар аразынӕн цыдӕриддӕр ӕрмӕг ӕрцӕттӕ кодта, уыдон Рамайы сахарӕй рахӕссын кодта, Гевӕ ӕмӕ Мицпайы фидӕрттӕ дзы сарӕзта.


Иосафатӕн йӕ хъомыс фылдӕрӕй-фылдӕр кодта. Иудейы зӕххыл сарӕзта фидӕрттӕ, стӕй сахартӕ ӕфтауцуатӕн.


Иудейы фидаргонд сахартӕм йе ’фсӕдтӕ барвыста, стӕй ӕгас Иудейы зӕххыл ӕмӕ, йӕ фыд Аса Ефремы зӕххыл цы сахартӕ бацахста, уыдоны дӕр йе ’фсӕдтон къордтӕ равӕрдта.


Сӕ фыд сын бирӕ лӕвӕрттӕ ракодта: ӕвзистӕй зӕгъай, сыгъзӕринӕй, алы зынаргъ дзаумайӕ. Рауӕлдай сын кодта Иудейы фидаргонд сахартӕй дӕр, фӕлӕ йӕ паддзахы бадӕн радта Иорамӕн, уымӕн ӕмӕ уый уыди йӕ фыццаг зӕнӕг.


Иуахӕмы Озиа филистимӕгтимӕ схӕцыди, Гат, Йавне ӕмӕ Ашдоды сахартӕн сӕ систӕ ныззыгуым кодта. Ашдоды алфамбылай ӕмӕ филистимӕгты зӕххы иннӕ рӕтты сахартӕ сарӕзта.


Иудейы хӕхбӕсты дӕр сахартӕ сарӕзта, хъӕдты та — фидӕрттӕ ӕмӕ мӕсгуытӕ.


Уыцы рӕстӕг вавилойнаг паддзахы ’фсад хӕцыди Йерусалимы, стӕй, Иудейы сахартӕй ма чи аирвӕзт, уыдоны, Лахиш ӕмӕ Азекайы, ныхмӕ. Ӕрмӕст ма ацы дыууӕ сахарӕн сӕ бырутӕ нӕ басастой.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ