3 «Соломоны фырт Роховамӕн, Иудейы паддзахӕн, стӕй, Иудӕ ӕмӕ Бениамины зӕххытыл чи цӕры, уыцы израилӕгтӕн се ’ппӕтӕн дӕр зӕгъ:
Гъе уыдон сты Израилы дыууадӕс хӕдзарвӕндаджы. Гъе ахӕм арфӕтӕ сын ракодта сӕ фыд, алкӕмӕн дӕр — сӕрмагондӕй.
Ныронг дӕр Самарийы цӕрджытӕ ӕххӕст кӕнынц сӕ рагон ӕгъдӕуттӕ. Дунедарӕгӕй нӕ тӕрсынц. Нӕ Йын ӕххӕст кӕнынц Йӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Йӕ амындтытӕ, Йе ’гъдӕуттӕ ӕмӕ Йӕ фӕдзӕхстытӕ, Уый кӕддӕр Израил ном кӕуыл сӕвӕрдта, уыцы Йаковӕн кӕй бафӕдзӕхста, уыдон.
Ӕрмӕстдӕр, Иудейы сахарты цы израилӕгтӕ царди, уыдонӕн баззади паддзахӕй Роховам.
Дунедарӕг Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг Шемайайӕн загъта:
„Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: уе ’фсымӕрты ныхмӕ ма схӕцут! Алчидӕр уӕ йӕ хӕдзармӕ аздӕхӕд, уымӕн ӕмӕ алцыдӕр ӕрцыд Мӕ фӕндонӕй!“» Адӕм Дунедарӕджы ныхасмӕ байхъуыстой ӕмӕ фӕстӕмӕ аздӕхтысты, Йоровамы ныхмӕ нал схӕцыдысты.
Уӕд Моисей ныффыста Дунедарӕджы фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ. Райсомӕй раджы хохрӕбын скодта нывондхӕссӕн ӕмӕ сӕвӕрдта дыууадӕс дуры, Израилы дыууадӕс хӕдзарвӕндаджы номыл.
Сунӕтгонд ӕрцыдтӕн мӕ царды ӕстӕм бон, дӕн израилаг адӕмӕй, Бениамины хӕдзарвӕндагӕй, дзуттӕгтӕй райгуырӕг дзуттаг, Ӕгъдау куыд ӕххӕст кодтон, уымӕ гӕсгӕ — фарисей,