Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 11:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Левиттӕ ныууагътой сӕ фосы хизӕнуӕттӕ, сӕ исбон ӕмӕ ӕрцыдысты Иудеймӕ, Йерусалиммӕ, уымӕн ӕмӕ сӕ Йоровам ӕмӕ йӕ фырттӕ Дунедарӕгӕн лӕггад кӕнын нал уагътой.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 11:14
10 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уыцы хабары фӕстӕ дӕр Йоровам йӕ галиу митӕ нӕ ныууагъта. Бынӕттон кувӕндӕттӕн-иу адӕмӕй сауджын суын кӕйдӕриддӕр бафӕндыд, уый-иу сӕвӕрдта сауджынӕй.


Израилы зӕххыл сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕй чидӕриддӕр уыди, уыдон алы рӕттӕй Роховаммӕ ӕрӕмбырд сты.


Сымах атардтат Дунедарӕджы сауджынты, Аароны байзӕддӕгты, стӕй левитты, ӕмӕ уӕхицӕн сӕвӕрдтат, иннӕ адӕмтӕм цы сауджынтӕ ис, ахӕмты. Сауджын суӕвыны охыл уӕм нывонд ӕрхӕссынмӕ иу уӕныг ӕмӕ авд фыримӕ чидӕриддӕр ӕрбацӕуы, уымӕй уайсахат мӕнг хуыцӕутты сауджын ацаразут.


Израилӕгты исбонӕй куы дӕттат левиттӕн сахартӕ, уӕд, фылдӕр кӕмӕ ис, уымӕй фылдӕр исут, къаддӕр кӕмӕ ис, уымӕй — къаддӕр. Алчи йӕ хаймӕ гӕсгӕ хъуамӕ ратта йӕ сахартӕй левиттӕн».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ