12 Алы сахар дӕр сифтонг кодта уартытӕ ӕмӕ ӕрцытӕй, хорз сӕ сфидар кодта. Афтӕмӕй Иудӕ ӕмӕ Бениамины зӕххытӕ баззадысты йӕ дӕлбар.
Тамар йӕ сӕрыл фӕнык байзӕрста, йӕ хуызджын дарӕс ӕрыскъуыдтӕ кодта ӕмӕ, йӕ къухтӕй йӕ сӕрыл хӕцгӕ, хъӕрӕй дзынӕзта, афтӕмӕй цыди.
Авессалом та Амнонӕн хорзӕй дӕр ӕмӕ ӕвзӕрӕй дӕр ницы загъта, уымӕн ӕмӕ йын ӕнӕуынон сси, йӕ хо Тамары йын кӕй фӕхудинаг кодта, уый тыххӕй.
Ӕрмӕстдӕр, Иудейы сахарты цы израилӕгтӕ царди, уыдонӕн баззади паддзахӕй Роховам.
Сахартӕ бырутӕй куы сӕхгӕдта, уӕд сын хицӕуттӕ сӕвӕрдта. Алы сахары дӕр сарӕзта ӕфтауцуӕттӕ: хойраг, сой ӕмӕ сӕнӕн.
Израилы зӕххыл сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕй чидӕриддӕр уыди, уыдон алы рӕттӕй Роховаммӕ ӕрӕмбырд сты.
ӕмӕ уый Асайы размӕ рацыд ӕмӕ йын загъта: «Аса, стӕй Иудӕ ӕмӕ Бениамины адӕм, ӕрбайхъусут-ма уе ’ппӕт дӕр! Дунедарӕг уыдзӕни уемӕ, цалынмӕ уӕхӕдӕг Йемӕ уат, уӕдмӕ. Куы Йӕ агурат, уӕд уӕм раргом уыдзӕн. Фӕлӕ Йӕ куы ныууадзат, уӕд уыл Уый дӕр Йӕхи атигъ кӕндзӕн.
Иосафатӕн йӕ хъомыс фылдӕрӕй-фылдӕр кодта. Иудейы зӕххыл сарӕзта фидӕрттӕ, стӕй сахартӕ ӕфтауцуатӕн.
Езекиа фӕныфсджын ис ӕмӕ ногӕй рацарӕзта сахары хӕлд быру, уый уӕлӕ та сарӕзта мӕсгуытӕ, ноджы ма быруйы ӕдде саразын кодта ӕндӕр быру дӕр. Давиды сахары бафидӕрттӕ кодта Милло, бирӕ хӕцӕнгӕрзтӕ ӕмӕ уартытӕ ӕрцӕттӕ кодта.
«Уӕ адӕймаджы фырт, райс лӕдзӕг ӕмӕ йыл ныффысс: „Иудӕйӕн ӕмӕ йе ’мцӕдисон израилӕгтӕн“. Ноджы ма иу лӕдзӕг райс ӕмӕ ууыл та ныффысс: „Йосеф, Ефрем ӕмӕ Израилы иннӕ адӕмӕн, се ’мцӕдисонтӕн“.