11 Сахартӕ бырутӕй куы сӕхгӕдта, уӕд сын хицӕуттӕ сӕвӕрдта. Алы сахары дӕр сарӕзта ӕфтауцуӕттӕ: хойраг, сой ӕмӕ сӕнӕн.
Цора, Айалон ӕмӕ Хеврон. Ацы сахартӕ уыдысты Иудӕ ӕмӕ Бениамины зӕххытыл.
Алы сахар дӕр сифтонг кодта уартытӕ ӕмӕ ӕрцытӕй, хорз сӕ сфидар кодта. Афтӕмӕй Иудӕ ӕмӕ Бениамины зӕххытӕ баззадысты йӕ дӕлбар.
Паддзах Роховам зондджын ми бакодта: йӕ фыртты се ’ппӕты дӕр арвыста Иудӕ ӕмӕ Бениамины зӕххыты алы рӕттӕм, бырутӕй ӕхгӕд сахартӕм. Алкӕмӕн дӕр дзы парахатӕй радта фӕсауӕрц ӕмӕ сын бирӕ устытӕ ӕрхаста.
Иосафатӕн йӕ хъомыс фылдӕрӕй-фылдӕр кодта. Иудейы зӕххыл сарӕзта фидӕрттӕ, стӕй сахартӕ ӕфтауцуатӕн.
Адон иууылдӕр лӕггад кодтой паддзахӕн, ӕгас Иудейы фидаргонд сахарты цы ’фсӕдтӕ ӕрӕвӕрдта, уыдонӕй уӕлдай.
«Уӕ адӕймаджы фырт, райс лӕдзӕг ӕмӕ йыл ныффысс: „Иудӕйӕн ӕмӕ йе ’мцӕдисон израилӕгтӕн“. Ноджы ма иу лӕдзӕг райс ӕмӕ ууыл та ныффысс: „Йосеф, Ефрем ӕмӕ Израилы иннӕ адӕмӕн, се ’мцӕдисонтӕн“.