Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 10:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Фӕлӕ Роховам хистӕрты уынаффӕ ницӕмӕ ӕрдардта ӕмӕ бафарста йе ’мгӕртты, кӕимӕ сырӕзт ӕмӕ йын ныр лӕггад чи кодта, уыдоны:

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 10:8
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уӕд Авессалом ӕмӕ израилӕгтӕ ӕмхуызонӕй загътой: «Аркаг Хушайы уынаффӕ Ахитофелы уынаффӕйӕ хуыздӕр у». Дунедарӕг афтӕ бакодта, цӕмӕй Ахитофелы хорз уынаффӕйы фӕдыл ма ацӕуой, ӕмӕ Авессалом бӕллӕхы бахауа.


«Цы мын бауынаффӕ кӕндзыстут? Ацы адӕмӕн цы зӕгъон? Уыдон мӕ курынц, цӕмӕй сын, мӕ фыд сыл цы ’фсондз сӕвӕрдта, уый фӕрогдӕр кӕнон».


Мӕ уынаффӕтӕ мын ницӕмӕ ’рдардтат, мӕ уайдзӕфтӕ мын ничи айста йӕ зӕрдӕмӕ.


Адӕймагӕн йӕ бӕллиц куы сӕххӕст вӕййы, уӕд йӕ зӕрдӕ цин фӕкӕны; ӕдылымӕ йӕ фыдбылызы фӕндтӕ ныууадзынӕй зындӕр ницы кӕсы.


Уынаффӕмӕ куы хъусай ӕмӕ зондамынд дӕ зӕрдӕмӕ куы айсай, уӕд фидӕны куырыхон суыдзынӕ.


Сыгъзӕрин хъусцӕг, сыгъдӕг сыгъзӕринӕй конд фӕлындӕн — уыдоны ’нгӕс у куырыхоны уайдзӕф, лӕмбынӕг чи фӕхъусы, уымӕн.


Де ’мбӕлтты ӕмӕ дӕ фыды ’рдхӕрдты ма рох кӕн; уынгӕг заман дӕ хӕстӕджытӕм ма цу: дард ӕфсымӕрӕй хӕстӕг сыхаг — хуыздӕр.


Куырыхонӕн зонд бацамон, ӕмӕ йӕ зондыл ноджыдӕр бафтдзӕн, раст адӕймаджы сахуыр кӕн, ӕмӕ ноджы зондджындӕр суыдзӕн.


Додойаг у, йӕ паддзах ӕвӕлтӕрд лӕппу кӕмӕн у, йӕ уӕздӕттӕ ӕхсӕвӕй бонмӕ куывдты кӕм бадынц, уыцы бӕстӕ.


«Хивӕнд цот, додой сӕ къона! — зӕгъы Дунедарӕг. — Фӕндтӕ, уынаффӕтӕ кӕнынц Ме ’вастӕй, цӕдисонтӕ скӕнынц сӕхицӕн, фӕлӕ Мӕ Уды амындӕй нӕ. Афтӕмӕй тӕригъӕд тӕригъӕдыл ӕфтауынц.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ