4 «Кӕддӕр нӕ дӕ фыд йӕ уӕззау ӕфсондзы бын ныцъцъист кодта, фӕлӕ нын ныр ды не ’фсондз фӕрогдӕр кӕн, ӕмӕ дын мах лӕггад кӕндзыстӕм».
«Кӕддӕр ныл дӕ фыд уӕззау ӕфсондз сӕвӕрдта, ӕмӕ дӕ курӕм: нӕ куыст нын фӕрогдӕр кӕн, ӕмӕ дын мах лӕггад кӕндзыстӕм».
Иудей ӕмӕ Израилы адӕм, денджызы змисау ӕнӕнымӕц, хордтой, нуӕзтой ӕмӕ цин кодтой.
Соломоны заман Иудей ӕмӕ Израилы адӕм иууылдӕр, Данӕй Беер-Шевӕйы онг, цардысты ӕдасӕй. Алчидӕр-иу сӕ йӕхи йӕ зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн ирхӕфста йӕ сӕнӕфсир, йӕ легъуийы бын.
Паддзах Соломон бегарайы хӕс ӕрӕвӕрдта Израилы адӕмыл ӕмӕ уый тыххӕй рахицӕн кӕнын кодта дӕс ӕмӕ ссӕдз мин лӕджы.
Уыдонӕй уӕлдай ма Соломонмӕ хӕххон дурсӕттӕнты куыста ӕвдай мин дурхӕссӕджы ӕмӕ ӕстай мин дурлӕгъзгӕнӕджы.
Уыцы хъуыддаджы Израилы адӕмы нӕ тыхсын кодта. Уый нӕ, фӕлӕ сӕ йӕхицӕн скодта хӕстонтӕ, фӕсдзӕуинтӕ ӕмӕ ӕфсады хицӕуттӕ, ӕвӕрдта сӕ йӕ тохуӕрдӕттӕ ӕмӕ йӕ бӕхджынты сӕргъы.
Уый сын дзуапп радта: «Ӕртӕ боны фӕстӕ-иу мӕм ногӕй ӕрбацӕут». Адӕм куы ацыдысты,
Рацыди дзӕвгар рӕстӕг. Мысыры паддзах амарди. Израилӕгтӕ сӕ уӕззау куыстӕй ӕнцой нӕ зыдтой, ӕрдиаг кодтой, ӕххуысмӕ дзынӕзтой, ӕмӕ сӕ хъӕрзын Хуыцаумӕ фехъуысти.
Ӕз смӕсты дӕн Мӕ адӕммӕ, уыдоны, Мӕ исбон, фидиссаг фӕкодтон ӕмӕ дын сӕ афтӕмӕй радтон дӕ къухмӕ. Ды сыл ницӕмӕй бацауӕрстай — зӕрӕдтыл дӕр ма дӕ уӕззау ӕфсондз сӕвӕрдтай.
Уӕззау, зынхӕссӕн уӕргътӕ бӕттынц ӕмӕ сӕ адӕмы ӕккой сӕвӕрынц, сӕхӕдӕг та сӕм сӕ ныхы кӕронӕй дӕр не ’вналынц.
Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый мах ӕвдисӕм Йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнынӕй. Йӕ фӕдзӕхстытӕ та ӕнцон ӕххӕстгӕнӕн сты.