Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 10:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2-3 Уыцы хабар Наваты фырт Йоровам, кӕддӕр паддзах Соломонӕй Мысырмӕ чи алыгъд, уый куы фехъуыста, уӕд Мысырӕй ӕрбаздӕхти, арвыстой йӕм. Йоровам ӕмӕ ӕппӕт израилӕгтӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ Роховамӕн загътой:

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 10:2
6 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Соломоны лӕггадгӕнджытӕй дӕр иу, Йоровам, зӕгъгӕ, ефремон, паддзахы ныхмӕ сыстади. Йоровам, Наваты фырт, уыди Цередайы сахарӕй, йӕ фыд ӕгас нал уыд ӕмӕ йӕ мад Цериа царди идӕдзӕй.


Йоровам та ӕрыгон, фӕлӕ сӕрӕн лӕг уыд. Ӕмӕ, хъуыддаджы лӕг кӕй у, уый Соломон куы федта, уӕд ӕй Йосеф ӕмӕ Менассиайы хӕдзарвӕндаджы зӕххыл бегарайы куыстытӕм скодта цӕстдарӕг.


Соломон бахъавыд Йоровамы амарынмӕ, фӕлӕ уый ӕвӕстиатӕй алыгъди Мысырмӕ, Мысыры паддзах Шишакмӕ, ӕмӕ Соломоны амӕлӕты бонмӕ царди уым.


Израилӕгтӕ арвыстой, кӕддӕр паддзах Соломонӕй Мысырмӕ чи алыгъд, уыцы Йороваммӕ дӕр, Наваты фыртмӕ. Уый Мысырӕй фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхт ӕмӕ ныр уыди Шехемы. Ӕмӕ Йоровам ӕмӕ Израилы хӕдзарвӕндӕгты минӕвӕрттӕ бахатыдысты Роховаммӕ:


Паддзах Соломонӕн йӕ иннӕ хабӕрттыл райдианӕй кӕронмӕ дзырдӕуы пехуымпар Натаны азфыстыты, силомаг Ахийайы рагуацты чиныджы ӕмӕ, зонынджын Йеддойӕн Наваты фырт Йоровамы тыххӕй Хуыцау цы цӕстылуайӕнтӕ раргом кодта, уыдоны.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ