Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 10:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Уӕдӕй абоны онг Израил фӕхицӕн ис Давиды хӕдзарвӕндагӕй.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 10:19
10 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Израилы адӕм, паддзах сын сӕ курдиат ницӕмӕ дары, уый куы федтой, уӕд ын загътой: «Чи нын у ныр Давид? Цыфӕнды фӕуӕд Йессейы фырт! Уӕ хӕдзӕрттыл ныххӕлиу ут, Израил! Дӕхӕдӕг кӕс дӕ мыггагмӕ, Давид!» Уыйадыл Израилы адӕм сӕ хӕдзӕрттӕм аздӕхтысты.


Уыцы хъилтӕ ахӕм даргъ уыдысты, ӕмӕ сын, Рухсмонуаты раз ӕрлӕугӕйӕ, сӕ кӕрӕттӕ фенӕн уыди, фӕлӕ хӕдзары ӕдде нӕ зындысты. Абоны онг дӕр сӕ бынат уыцы ран ис. Фидыды Чырынӕн йӕ мидӕг дыууӕ къӕйдурӕй уӕлдай ницы уыди. Кӕддӕр Израилы адӕм Мысырӕй куы рацыдысты ӕмӕ Дунедарӕг семӕ фидыд куы сарӕзта, уӕд сӕ Моисей Хоревы хохыл Чырыны нывӕрдта.


Фыдӕлтӕй нырмӕ нӕ азым стыр у; не ’нӕгъдау миты тыххӕй баистӕм мӕнӕ абон нӕхӕдӕг дӕр, нӕ паддзӕхтӕ дӕр, нӕ сауджынтӕ дӕр ӕндӕрбӕстаг паддзӕхты амӕттаг, сӕ кардылӕфтыдӕй ныл сыгъд ӕмӕ уырыд уацайраджы аллайаг бон уый тыххӕй акодта.


«Уӕ адӕймаджы фырт, райс лӕдзӕг ӕмӕ йыл ныффысс: „Иудӕйӕн ӕмӕ йе ’мцӕдисон израилӕгтӕн“. Ноджы ма иу лӕдзӕг райс ӕмӕ ууыл та ныффысс: „Йосеф, Ефрем ӕмӕ Израилы иннӕ адӕмӕн, се ’мцӕдисонтӕн“.


Бахӕццӕ сты Галаады зӕхмӕ, Рувимы, Гады ӕмӕ Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбисы байзӕддӕгтӕ кӕм уыдысты, уырдӕм. Уыдон сын загътой:


Йешуа ӕндӕр дыууадӕс дуры ӕрӕвӕрдта Иорданы бӕстастӕу, Фидыды Чырын хӕссӕг сауджынтӕ кӕм лӕууыдысты, уым. Дуртӕ абон дӕр ма уыцы ран лӕууынц.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ