17 Ӕрмӕстдӕр, Иудейы сахарты цы израилӕгтӕ царди, уыдонӕн баззади паддзахӕй Роховам.
уый фыртӕн та дзы ратдзынӕн иу хӕдзарвӕндаг, цӕмӕй Мӕхицӕн, Мӕ ном дзы цӕра, зӕгъгӕ, кӕй равзӕрстон, уыцы сахар Йерусалимы мӕ лӕггадгӕнӕг Давиды цырагъ макуы ахуысса.
Ӕрмӕст, Иудӕйы хӕдзарвӕндаджы сахарты цы израилӕгтӕ царди, уыдонӕн паддзахӕй баззади Роховам.
Израилы адӕм, паддзах сын сӕ курдиат ницӕмӕ дары, уый куы федтой, уӕд ын загътой: «Чи нын у ныр Давид? Цыфӕнды фӕуӕд Йессейы фырт! Уӕ хӕдзӕрттыл ныххӕлиу ут, Израил! Дӕхӕдӕг кӕс дӕ мыггагмӕ, Давид!» Уыйадыл Израилы адӕм сӕ хӕдзӕрттӕм аздӕхтысты.
Паддзах Роховам йӕ хъалонисӕг ӕмӕ бегарайы кусджыты хицау Адорамы хъалон исынмӕ куы арвыста, уӕд ыл израилӕгтӕ дуртӕй ралӕууыдысты, ӕмӕ амарди. Паддзах Роховам йӕхӕдӕг та уайтӕккӕ уӕрдонмӕ багӕпп ласта ӕмӕ Йерусалиммӕ алыгъди.
Роховам Йерусалиммӕ куы ’рбахӕццӕ ис, уӕд Иудӕ ӕмӕ Бениамины хӕдзарвӕндӕгтӕй ӕрӕмбырд кодта сӕдӕ ӕстай мин ӕвзаргӕ хӕстоны, цӕмӕй Израилы ныхмӕ схӕцой ӕмӕ Роховамӕн йӕ паддзахад фӕстӕмӕ йӕ къухы бакӕной.
Алы сахар дӕр сифтонг кодта уартытӕ ӕмӕ ӕрцытӕй, хорз сӕ сфидар кодта. Афтӕмӕй Иудӕ ӕмӕ Бениамины зӕххытӕ баззадысты йӕ дӕлбар.
«Соломоны фырт Роховамӕн, Иудейы паддзахӕн, стӕй, Иудӕ ӕмӕ Бениамины зӕххытыл чи цӕры, уыцы израилӕгтӕн се ’ппӕтӕн дӕр зӕгъ:
«Уӕ адӕймаджы фырт, райс лӕдзӕг ӕмӕ йыл ныффысс: „Иудӕйӕн ӕмӕ йе ’мцӕдисон израилӕгтӕн“. Ноджы ма иу лӕдзӕг райс ӕмӕ ууыл та ныффысс: „Йосеф, Ефрем ӕмӕ Израилы иннӕ адӕмӕн, се ’мцӕдисонтӕн“.