14 «Мӕ фыд уыл сӕвӕрдта уӕззау ӕфсондз, ӕз та уын ӕй ноджы фӕуӕззаудӕр кӕндзынӕн. Мӕ фыд уӕ хуымӕтӕг ехсытӕй ӕфхӕрдта, ӕз та — сындзджын ехсытӕй».
Ӕмӕ сын паддзах радта карз дзуапп. Хистӕрты уынаффӕ ницӕмӕ ӕрдардта, фӕлӕ йе ’мгӕртты уынаффӕмӕ байхъуыста ӕмӕ адӕмӕн загъта:
Паддзах нӕ байхъуыста адӕммӕ, уымӕн ӕмӕ уый уыди Дунедарӕджы фӕндон. Хъуамӕ сӕххӕст уыдаид, Дунедарӕг силомаг пехуымпар Ахийайы дзыхӕй Наваты фырт Йоровамӕн цы ныхас загъта, уый.
Раст адӕймаг хъуыды кӕны рӕстдзинадыл, ӕнӕхуыцау та фыдвӕндтӕ аразы.
Загъд райдыдта — донмарӕн ратыдта; цалынмӕ нӕ сабухта, уӕдмӕ дӕхи ’рсабыр кӕн.
Додойаг у, йӕ паддзах ӕвӕлтӕрд лӕппу кӕмӕн у, йӕ уӕздӕттӕ ӕхсӕвӕй бонмӕ куывдты кӕм бадынц, уыцы бӕстӕ.
Ӕмӕ йӕ чи зоны, ӕдылымӕ ӕви зондджынмӕ ’рхаудзысты, уый? Мӕ тухӕнты ӕмӕ мӕ зонды фӕрцы мӕ къухы цы фӕллӕйттӕ бафтыд, уыдонӕн ӕндӕр исчи хицау суыдзӕн. Фӕлӕ та уыдон дӕр аивгъуыйдзысты!
Хъуыддагӕн йӕ кӕрон йӕ райдианӕй хуыздӕр у; сӕрыстыры бӕсты фӕразон у.
Дӕ паддзахады барджынтӕ, стыр хицӕуттӕ, уынаффӕйы лӕгтӕ ӕмӕ уллутӕ ахсджиагыл нымайынц, цӕмӕй паддзах ахӕм бардзырд ратта: дӕс ӕмӕ ссӕдз боны дӕргъы хуыцаумӕ мачи скувӕд, стӕй дӕу йеддӕмӕ ӕндӕр адӕймагмӕ дӕр мачи бацӕуӕд курӕг. Чи нӕ байхъуса, уый та домбӕйтты хъоргъмӕ ӕппӕрст ӕрцӕуӕд.
Фӕлӕ кӕд уӕ зӕрдӕ хӕлӕг ӕмӕ хи уарзынӕй ӕмыдзаг у, уӕд ма ӕппӕлут уӕхицӕй ӕмӕ ӕцӕгад ма ӕмбӕхсут уӕ гӕды ныхӕсты аууон.
Мӕтыхты къӕдзилтӕ ӕмӕ сӕ марг фатӕвзӕгтӕ уыдысты къӕдздымты ӕнгӕс, ӕмӕ сӕм уыд адӕмӕн фондз мӕйы дӕргъы знаггад кӕныны тых.
Фӕздӕгӕй зӕхмӕ рацыдысты мӕтыхтӕ, ӕмӕ сын лӕвӕрд ӕрцыд зӕххон къӕдздымты тых.
Мӕтыхтӕн фӕдзӕхст уыдис адӕмы марын нӕ, фӕлӕ сӕ фондз мӕйы дӕргъы удхары бафтауын. Ӕмӕ адӕм удхар кӕндзысты, къӕдздым йӕ фат куы фӕсадзы, уӕд адӕймаг куыд фӕудхар кӕны, афтӕ.