13 Ӕмӕ сын паддзах радта карз дзуапп. Хистӕрты уынаффӕ ницӕмӕ ӕрдардта, фӕлӕ йе ’мгӕртты уынаффӕмӕ байхъуыста ӕмӕ адӕмӕн загъта:
«Уыцы бӕстӕйы ӕлдар немӕ ныхас кодта тынг тызмӕгӕй, рахуыдта нӕ сгарджытӕ,
Йосеф сӕ куыддӕр ауыдта, афтӕ сӕ базыдта, фӕлӕ сын йӕхи не схъӕр кодта. Тызмӕгӕй сӕ бафарста: «Кӕцӕй ӕрбацыдыстут?» Дзуапп ын радтой: «Ханааны зӕххӕй, хойраг балхӕнынмӕ».
Ӕртыккаг бон Йоровам ӕмӕ ӕппӕт дзыллӕ ӕрбацыдысты паддзах Роховаммӕ, куыд сын загъта, афтӕ.
«Мӕ фыд уыл сӕвӕрдта уӕззау ӕфсондз, ӕз та уын ӕй ноджы фӕуӕззаудӕр кӕндзынӕн. Мӕ фыд уӕ хуымӕтӕг ехсытӕй ӕфхӕрдта, ӕз та — сындзджын ехсытӕй».
Фӕлӕ Роховам хистӕрты уынаффӕ ницӕмӕ ӕрдардта ӕмӕ бафарста йе ’мгӕртты, кӕимӕ сырӕзт ӕмӕ йын ныр лӕггад чи кодта, уыдоны:
Моисейӕн загъта: «Цӕугӕ ардыгӕй ӕмӕ ме ’мгӕрон дӕр мауал фӕзын! Куыддӕр ма дӕ фенон — амӕлдзынӕ».
Сабыр ныхас маст уромы, цӕхгӕр ныхас загъд къахы.
Йӕхицӕн бинойнаг чи ссардта, уый — фӕрнджын, Дунедарӕджы хорзӕхӕй схайджын ис.
Мӕ лӕппу! Зондамындмӕ куынӕ хъусай, уӕд ӕнӕ бацамындӕй фӕдзӕгъӕл уыдзынӕ.