Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 10:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Ӕмӕ уын кӕд мӕ фыды ӕфсондз уӕззау уыди, уӕд уын ӕй ӕз та ноджы уӕззаудӕр скӕндзынӕн. Мӕ фыд уӕ ӕфхӕрдта хуымӕтӕг ехсытӕй, ӕз та — сындзджын ехсытӕй“».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 10:11
14 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йе ’мгӕрттӕ йын дзуапп радтой: «Афтӕ дын чи зӕгъы, дӕ фыд ныл цы уӕззау ӕфсондз сӕвӕрдта, уый нын фӕрогдӕр кӕн, зӕгъгӕ, уыцы адӕмӕн ахӕм дзуапп ратт: „Мӕ кӕстӕр ӕнгуылдз мӕ фыды агъдӕй ставддӕр у.


Ӕртыккаг бон Йоровам ӕмӕ ӕппӕт дзыллӕ ӕрбацыдысты паддзах Роховаммӕ, куыд сын загъта, афтӕ.


Цӕугӕут кусынмӕ. Хъӕмп нал фендзыстут, самандуртӕ та кӕнут, цас ӕмбӕлы, уый бӕрц».


Ӕз смӕсты дӕн Мӕ адӕммӕ, уыдоны, Мӕ исбон, фидиссаг фӕкодтон ӕмӕ дын сӕ афтӕмӕй радтон дӕ къухмӕ. Ды сыл ницӕмӕй бацауӕрстай — зӕрӕдтыл дӕр ма дӕ уӕззау ӕфсондз сӕвӕрдтай.


Мӕнӕ уын, Ӕз цы комдарӕн равзӕрстон, уый: уацайрӕгтӕн сӕ хъадамантӕ ныссӕтт, се ’фсондз сын сис сӕ бӕрзӕйӕ, ӕфхӕрд адӕмӕн ратт сӕрибар ӕмӕ макӕйуал бассӕнд.


Сӕвӕрут уӕ уӕлӕ Ме ’фсондз ӕмӕ сахуыр ут Мӕнау фӕлмӕн ӕмӕ сӕрныллӕг уӕвын, ӕмӕ уӕд удӕнцой ссардзыстут.


Ӕз уын радтон калм ӕмӕ къӕдздымы уӕ къӕхты бын ссӕндыны, стӕй знаджы ӕппӕт тыхтыл уӕлахиз кӕныны хъомыс, ӕмӕ уын знаггад ницы ракӕндзӕн.


Мӕтыхты къӕдзилтӕ ӕмӕ сӕ марг фатӕвзӕгтӕ уыдысты къӕдздымты ӕнгӕс, ӕмӕ сӕм уыд адӕмӕн фондз мӕйы дӕргъы знаггад кӕныны тых.


Фӕздӕгӕй зӕхмӕ рацыдысты мӕтыхтӕ, ӕмӕ сын лӕвӕрд ӕрцыд зӕххон къӕдздымты тых.


Мӕтыхтӕн фӕдзӕхст уыдис адӕмы марын нӕ, фӕлӕ сӕ фондз мӕйы дӕргъы удхары бафтауын. Ӕмӕ адӕм удхар кӕндзысты, къӕдздым йӕ фат куы фӕсадзы, уӕд адӕймаг куыд фӕудхар кӕны, афтӕ.


Уӕд ныккӕрздзыстут ӕмӕ хъаст кӕндзыстут, уӕхицӕн цы паддзах равзӕрстат, уымӕй, фӕлӕ уӕм Дунедарӕг нал ӕрыхъусдзӕн».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ