3 Ӕмӕ ӕппӕт ӕмбырдимӕ ацыди Гивонмӕ, кувӕн къуыбырмӕ. Уым уыди Хуыцауы Уаз Цӕрӕн, Дунедарӕджы цагъар Моисей ӕдзӕрӕг быдыры кӕй саразын кодта, уый.
Сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ ахастой Дунедарӕджы Фидыды Чырын ӕмӕ Фембӕлды Цатыр, стӕй, Цатыры цы уаз дзауматӕ уыди, уыдон иууылдӕр.
Сауджын Цадокӕн ӕмӕ уымӕн йӕ сауджын ӕрвадӕлтӕн Давид бахӕс кодта Гивоны кувӕн къуыбырыл, Дунедарӕджы Цӕрӕны цур,
Моисей Дунедарӕгӕн ӕдзӕрӕг быдыры кӕй сарӕзта, уыцы Уаз Цӕрӕн ӕмӕ иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕн та уӕд нырма Гивоны кувӕн къуыбырыл уыдысты,
Соломон Гивоны куывддонӕй, Фембӕлды Цатыры цурӕй, Йерусалиммӕ ӕрыздӕхт ӕмӕ Израилӕн паддзахиуӕг кӕнын райдыдта.
Цатыраразӕг ӕрмдӕснытӕ здыхт гӕн, стӕй ӕрвхуыз, сӕнт сырх ӕмӕ игӕрхуыз тӕбынӕй сцӕттӕ кодтой дӕс уӕфтӕджы. Уӕфтӕгтӕ аив сфӕлыстой херувимты нывӕфтыдтӕй.
«Фыццаг мӕйы фыццаг бон ӕрӕвӕр Фембӕлды Цатыр.
Уӕд ӕврагъ ӕрӕмбӕрзта Фембӕлды Цатыр, ӕмӕ Цатыр Дунедарӕджы кадӕй байдзаг ис. Уый тыххӕй Моисейы бон нӕ уыди Цатырмӕ бацӕуын.
Дунедарӕг фӕсидти Моисеймӕ Фембӕлды Цатырӕй ӕмӕ йын загъта:
Ӕмӕ амарди уым, Моавы бӕстӕйы, Моисей, Дунедарӕджы цагъар, Дунедарӕг куыд загъта, афтӕ.
Фӕлӕ Йешуа Йерихонӕн ӕмӕ Гайӕн цы бакодта, уый куы фехъуыстой хивваг сахар Гивоны цӕрджытӕ,