Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 1:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Уыдис ӕм бирӕ хӕцӕн уӕрдӕттӕ ӕмӕ бӕхтӕ. Иу мин цыппар сӕдӕ йӕм уыди хӕцӕн уӕрдӕттӕ, дыууадӕс мины та — бӕхтӕ. Дардта сӕ, хӕцӕн уӕрдӕтты ӕфтауцуатӕн кӕй сарӕзта, уыцы сахарты, сӕ иу хай та сын ныууагъта Йерусалимы.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 1:14
8 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Соломон скодта дзӕбугӕй цагъд ӕмӕ сыгъзӕринӕй астӕрд дыууӕсӕдӕ стыр уарты, алкӕмӕн дӕр дзы йӕ сыгъзӕрины уӕз уыди ӕхсӕзсӕдӕ шекелы.


Соломонмӕ уыди дыууиссӕдз мин бӕхы бынаты — йӕ тохуӕрдӕтты бӕхтӕн, дыууадӕс мины та — барджыты бӕхтӕ.


Уымӕ гӕсгӕ дӕ курын, ливайнаг кедртӕ мын ракалын кӕн. Мӕ кусджытӕ кусдзысты дӕ кусджытимӕ, ӕмӕ дын ӕз сӕ куысты тыххӕй фиддзынӕн, цас мын зӕгъай, уый бӕрц мызд. Ды зоныс: махмӕ, сидойнӕгтау бӕлӕстӕ калынмӕ чи арӕхсы, ахӕм адӕм нӕй».


Уымӕй уӕлдай ма Соломон сарӕзта ӕфтауцуат сахартӕ: иуты дзы дардта хӕлц, иннӕты — тохуӕрдӕттӕ, аннӕты — бӕхджын ӕфсӕдтӕ. Ноджы ма Соломон Йерусалимы, Ливаны ӕмӕ йӕ паддзахады алы рӕтты сарӕзта ӕндӕр бӕстыхӕйттӕ дӕр, куыддӕриддӕр сфӕнд кодта, афтӕ.


Рацарӕзта Баалаты сахар, стӕй йӕ иннӕ сахартӕ иууылдӕр: иуты дардта йӕ хӕлц, иннӕты — йӕ тохуӕрдӕттӕ, аннӕты — бӕхтӕ. Ноджы ма Соломон Йерусалимы, Ливаны ӕмӕ йӕ паддзахады алы рӕтты сарӕзта ӕндӕр бӕстыхӕйттӕ дӕр, йӕ зӕрды цыдӕриддӕр уыди, уыдон.


Соломонмӕ уыди цыппар мин бӕхдоны — бӕхтӕ ӕмӕ хӕцӕн уӕрдӕттӕн, дыууадӕс мины та йӕм уыди бӕхтӕ. Дардта сӕ, хӕцӕн уӕрдӕттӕн цы сахартӕ сарӕзта, уыдоны, сӕ иу хай та сын ныууагъта йӕхимӕ, Йерусалимы.


Ӕрмӕст паддзах бирӕ бӕхтӕ ма скӕнӕд йӕхицӕн ӕмӕ адӕмы фӕстӕмӕ Мысырмӕ ма арвитӕд, цӕмӕй йӕ бӕхтӕ ноджы фӕфылдӕр уой, уымӕн ӕмӕ уын Дунедарӕг афтӕ загъта: „Уыцы фӕндагыл фӕстӕмӕ макуыуал аздӕхут!“


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ