Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 1:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Хуыцау Соломонӕн загъта: «Дӕ зӕрдӕйы фӕндон ахӕм кӕй уыди, дӕхицӕн Мӕ хъӕздыгдзинад, алы хӕзнатӕ, дӕ фыдгулты мӕлӕт ӕмӕ бирӕ цӕрӕнбон кӕй нӕ ракуырдтай, ӕрмӕстдӕр Мӕ куырыхон зонд ӕмӕ зонындзинӕдтӕ кӕй куырдтай, цӕмӕй, паддзахӕй дӕ кӕмӕн сӕвӕрдтон, Мӕ уыцы адӕмӕн уаг ӕвӕрын фӕразай,

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 1:11
15 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Алы бӕстӕтӕй йӕм цыдысты йӕ ныхӕстӕм байхъусынмӕ, Хуыцау ын цы куырыхон зонд балӕвар кодта, уый фенынмӕ.


Ӕппӕт Израилы адӕмыл дӕр айхъуысти паддзахы тӕрхоны хабар, ӕмӕ йын аргъуыц кӕнын райдыдтой, уымӕн ӕмӕ федтой, Хуыцауы уӕлзондӕй хайджын тӕрхонгӕнӕг кӕй у, уый.


Дунедарӕг ын загъта: «Ӕхсызгон Мын у, Мӕ номыл Кувӕндон саразынмӕ кӕй хъавыс, уый,


Паддзах Давид сыстад ӕмӕ загъта: «Байхъусут мӕм, ме ’фсымӕртӕ, мӕ адӕм! Мӕ зӕрды уыди, Дунедарӕджы Фидыды Чырын, нӕ Хуыцауы къахӕрӕвӕрӕн, кӕм ӕрӕнцой кӕна, ахӕм хӕдзар саразын, ӕрцӕттӕ йын кодтон аразӕн ӕрмӕг дӕр.


уый тыххӕй дын куырыхон зонд ӕмӕ зонындзинӕдтӕ лӕвӕрд уыдзысты. Мулк, хӕзнатӕ ӕмӕ кад та дын ахӕмтӕ ратдзынӕн, ӕмӕ дӕ размӕ дӕр, стӕй дӕ фӕстӕ дӕр иу паддзахмӕ дӕр уый бӕрц никуы уыди».


Зондджынӕн йӕ куырыхон зонд, йӕ фӕндаг кӕй ӕмбары, уый мидӕг ис, зондцухӕн та йе ’дылыдзинад — йӕ мӕнг хъуыдыты.


Мӕ фӕрцы паддзӕхтӕ хицауиуӕг кӕнынц, барджын хицӕуттӕ раст тӕрхон рахӕссынц;


Мыййаг, дӕ мулк дӕхи нӕ уыд, зӕхх ауӕй кӕнынӕй цы райстай, ууыл дӕ бар нӕ цыди? Цӕмӕн дӕм фӕзынд асайыны хъуыды? Ды асайдтай адӕмы нӕ, фӕлӕ Хуыцауы».


Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы ныхас цардӕгас ӕмӕ хъомысджын у, цавӕрфӕнды дыкомыг ӕхсаргардӕй цыргъдӕр: уый бахизы, уд ӕмӕ моны астӕу цы арӕн ис, уымӕ, стджыты магъз ӕмӕ ӕрхӕджытӕм бахӕццӕ вӕййы, тӕрхон кӕны сусӕг фӕндтӕ ӕмӕ хъуыдытӕн.


Сымахӕй зондджын ӕмӕ ӕмбаргӕ исчи у? Кӕд ӕцӕг ахӕм у, уӕд ӕй равдисӕд йӕ нывыл цардӕй, зондӕй гуырӕг ӕвӕлмасдзинадӕй.


Уӕларвӕй ӕрцӕугӕ зонд та фыццаджыдӕр у сыгъдӕг, стӕй у фидауынгӕнӕг, сӕрныллӕг, коммӕгӕс, фӕлмӕнзӕрдӕ, йӕ хъуыддӕгты дыргътӕ сты хорз, никӕй хъулон кӕны, цӕстмӕмитӕ йӕм нӕй.


Фӕлӕ Дунедарӕг Самуелӕн загъта: «Йӕ уынд ӕмӕ йын йӕ асмӕ ма кӕс, ауыл атигъ кодтон Мӕхи. Уымӕн ӕмӕ Хуыцау адӕймаджы цӕстӕй нӕ кӕсы. Адӕймаг йӕ цӕстӕй цы уыны, уымӕ кӕсы, Дунедарӕг та — зӕрдӕмӕ».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ