1 Давиды фырт Соломон ӕрфидар ис йӕ паддзахады. Дунедарӕг ыл аудыдта, бирӕ хъомыс ын радта.
Уыцы заман Авимелех йе ’фсады хицау Пихолимӕ бацыд Аврааммӕ ӕмӕ йын загъта: «Де ’ппӕт хъуыддӕгты дыл Хуыцау ауды.
Дунедарӕг аудыдта Йосефыл, ӕмӕ Йосеф алы хъуыддаджы дӕр уыд ӕнтыстджын. Царди йӕ мысыраг хицауы хӕдзары.
Фӕлӕ Дунедарӕг уыд Йосефимӕ ӕмӕ йыл аудыдта. Ахӕстоны хицауы зӕрдӕмӕ йӕ фӕцӕуын кодта.
Мысыраг уыдта, Дунедарӕг Йосефыл кӕй ауды, алы хъуыддаджы дӕр ӕнтыстджын кӕй у, уый.
Ныр йӕ фыд Давиды паддзахы бадӕны сбадти Соломон. Йӕ паддзахдзинад тынг фидар сси, йӕ ныхмӕ фӕлӕууын никӕй бон уыд.
Ӕмӕ паддзах Йеходайы фырт Бенайайӕн бафӕдзӕхста Шимийы амарын. Уый йӕм бацыд ӕмӕ йӕ амардта. Гъе афтӕ сфидар ис Соломоны паддзахдзинад.
Кӕдӕмфӕнды цыдаис — алы ран дӕр Ӕз уыдтӕн демӕ ӕмӕ дын де знӕгты се ’ппӕты дӕр ныццагътон. Ӕз дын дӕ ном скадджын кӕндзынӕн, ацы зӕххыл кадджындӕр цы нӕмттӕ ис, уыдонӕй иу уыдзӕни.
Гъемӕ Дунедарӕджы уазӕг у, мӕ хъӕбул, бантысӕд дын Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, хӕдзар саразын, Уый дӕ куыд ӕнхъӕл у, афтӕ.
сыгъзӕрин, ӕвзист, ӕрхуы ӕмӕ ӕфсӕйнагимӕ чи кусы, уыдон. Райдай аразын, ӕмӕ дын Дунедарӕг баххуыс кӕнӕд».
Соломон йӕ фыд Давиды бӕсты паддзахӕй ӕрбадти Дунедарӕджы бадӕныл. Уыд ӕнтыстджын, ӕмӕ йӕм хъуыстой ӕппӕт Израилы адӕм дӕр.
Дунедарӕг Соломоны тынг скадджын кодта ӕппӕт Израилы цӕсты, радта йын, йӕ размӕ Израилы иунӕг паддзахмӕ дӕр чи нӕма уыд, ахӕм цытджын паддзахад.
Уыдон кӕрӕй-кӕронмӕ дзурынц йӕ паддзахдзинадыл ӕмӕ йӕ бархъомысыл, стӕй, паддзах Давидыл, Израилыл ӕмӕ ӕппӕт зӕххон паддзахӕдтыл цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдӕттыл.
Ӕмӕ бирӕтӕ Йерусалиммӕ Дунедарӕгӕн хастой хуынтӕ, иудейаг паддзах Езекиайӕн та — зынаргъ лӕвӕрттӕ. Уӕдӕй фӕстӕмӕ адӕмты ’хсӕн тынг скадджын ис.
Хуыцау ын дзуапп радта: «Ӕз демӕ уыдзынӕн. Мӕнӕ, Ӕз дӕ кӕй арвыстон, уый нысан: Мӕ адӕмы Мын Мысырӕй куы ракӕнай, уӕд ӕрбацӕудзыстут ӕмӕ Хуыцаумӕ мӕнӕ ацы хохы сӕр скувдзыстут».
Сахуыр сӕ кӕнут, Ӕз уын цы бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕст кӕнын. Ӕз та дунейы фӕудмӕ кӕддӕриддӕр уыдзынӕн уемӕ».
Уӕд Дунедарӕг Йешуайӕн загъта: «Абонӕй фӕстӕмӕ дӕ Ӕз скадджын кӕндзынӕн Израилы адӕмы цӕсты. Ӕмӕ уыдон фендзысты: Ӕз Моисейыл куыд аудыдтон, афтӕ аудын дӕуыл дӕр.