6 Уырнындзинад хъӕздыг кӕны, цы йӕм ис, уый фагыл чи нымайы, уыцы адӕймаджы.
ӕмӕ, цӕй, Иорданы былгӕронмӕ бӕлӕсты бынмӕ ацӕуӕм, ракалӕм дзы, фӕйнӕ хъӕды рацамайӕм ӕмӕ уым нӕхицӕн ног цӕрӕнбынат скӕнӕм». Уый сын дзуапп радта: «Ацӕут».
Уымӕн ӕмӕ, Дунедарӕг, Дӕуыл дарын мӕ зӕрдӕ; Дунедарӕг, мӕ Хуыцау, Ды мын дзуапп ратдзынӕ ӕнӕмӕнг.
Хорзӕх ӕмӕ иузӕрдиондзинад баиу уыдзысты, рӕстдзинад ӕмӕ фарн кӕрӕдзийӕн батӕ кӕндзысты.
Моисей сфӕнд кодта уыцы лӕгмӕ баззайын. Уый йын радта йӕ чызг Циппорайы.
Фӕлтау дӕм бирӕ ма уӕд, фӕлӕ дӕм уӕд тас Дунедарӕджы раз, бирӕ мулк дӕм куы уа, уӕд уымӕн тӕрсыны бӕсты.
Фӕлтау дӕм иу чысыл исты уӕд, ӕмӕ раст фӕндагыл цу, цӕйнӕфӕлтау — хъӕздыг ӕфтиаг, фӕлӕ — тӕригъӕды фӕрцы.
Кӕрӕф адӕймаг загъд къахы, Дунедарӕгыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уый та — фӕрнӕйдзаг.
стӕй цӕрынӕн хӕдзӕрттӕ никуы арӕзтам; сӕндӕттӕ, быдыртӕ ӕмӕ хоры хуымтӕ нӕм нӕй.
Загъта ма сын: «Уӕхи хъахъхъӕнут кӕрӕфдзинад уарзынӕй, уымӕн ӕмӕ адӕймаджы цард йӕ бирӕ мулкӕй аразгӕ нӕу».
Фарстой йӕ ӕфсӕддонтӕ дӕр: «Махӕн та цы гӕнгӕ у?» Иоанн сын загъта: «Макӕй стигъут ӕмӕ тыхӕй макӕмӕй мацы исут — разы ут уӕ мыздӕй».
Мах та зонӕм, Хуыцауы чи уарзы, Йӕ уынаффӕмӕ гӕсгӕ кӕмӕ басидтӕуыд, уыдонӕн алцыдӕр хорзӕн кӕй фӕкӕны.
Нӕ уӕлӕнгай хъизӕмӕрттӕ цыбыр рӕстӕгмӕ сты — уыдон махӕн ӕрхӕсдзысты, ӕмбал кӕмӕн нӕй, мыггагмӕйы ахӕм стыр кад.
Уымӕн ӕмӕ мӕ цард Чырысти у, мӕлӕт — ме ’фтиаг.
Уымӕн ӕмӕ буар фӕлварын уадиссаг пайда нӕ дӕтты, Хуыцауӕн фӕндиагӕй цӕрын та алцӕмӕй дӕр пайда у — зӕрдӕ ӕвӕры абоны цардӕй дӕр ӕмӕ фидӕны цардӕй дӕр.
Фӕлӕ нын хойраг ӕмӕ дарӕс куы уа, уӕд уый фагыл хъуамӕ нымайӕм.
Ӕхцауарз ма ут, фӕлӕ уӕм цы ис, уый фагыл нымайут. Уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йӕхӕдӕг загъта: «Нӕ дӕ ныууадздзынӕн ӕмӕ дӕ нӕ ферох кӕндзынӕн».