21 Иуӕй-иутӕ дзурынц, цыма сӕм ис уыцы «зонынад», афтӕмӕй та уырнындзинады фӕндагӕй адзӕгъӕл сты. Хуыцауы хорзӕх уӕ уӕд! Аммен.
Ма нӕ бафтау фыдӕвзарӕны, фӕлӕ нӕ бахиз сайтанӕй. Уымӕн ӕмӕ Паддзахад, тых ӕмӕ кад Дӕу сты мыггагмӕ. Аммен.
Ӕз сидын, Хуыцау кӕй бауарзта ӕмӕ кӕй ӕрхуыдта, Ромы уыцы сыгъдӕджытӕм се ’ппӕтмӕ дӕр. Хорзӕх ӕмӕ уын фарн нӕ Фыд Хуыцауӕй ӕмӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийӕ.
Ӕмӕ уын уӕд фарндӕттӕг Хуыцау рӕхджы уӕ къӕхты бын басӕтдзӕни сайтаны. Нӕ Бардарӕг Йесойы хорзӕх уӕд уемӕ. Аммен.
Салам уын ӕрвиты мӕ фысым, ӕппӕт аргъуан кӕй хӕдзары ӕрӕмбырд вӕййы, уыцы Гайос. Саламтӕ уын сахары ӕхцафснайӕг Эрастӕй ӕмӕ не ’фсымӕр Квартӕй.
Ӕз, Павел, мӕ салам ныффыстон мӕхи къухӕй. Ӕз рӕхыстӕй баст кӕй дӕн, уый уӕ рох ма уӕд. Хуыцауы хорзӕх уӕ уӕд.
Уӕд дӕм уырнындзинад ӕмӕ у хӕдӕфсарм. Иуӕй-иутӕ нӕ бакастысты се ’фсармы коммӕ ӕмӕ уый аххосӕй адзӕгъӕл сты уырнындзинадӕй.
Иуӕй-иутӕ фӕиппӕрд сты уыцы фӕндагӕй ӕмӕ схӕцыдысты ӕнӕпайда дзӕнгӕдайыл.
Уымӕн ӕмӕ ӕппӕт фыдбылызтӕн сӕ уидаг у ӕхцамӕ бӕллын. Ӕхцамӕ бӕлгӕйӕ, иуӕй-иутӕ фӕхауӕггаг сты уырнындзинады фӕндагӕй ӕмӕ сӕхиуыл хъизӕмӕрттӕ бафтыдтой.
Уыдон фӕиппӕрд сты ӕцӕгадӕй, дзурынц, мӕрдтӕ ныридӕгӕн райгас сты, зӕгъгӕ, ӕмӕ афтӕмӕй халынц иуӕй-иуты уырнындзинад.
Бардарӕг Йесо Чырысти демӕ! Хуыцауы хорзӕх уӕ уӕд!
Саламтӕ дын ӕрвитынц, мемӕ чи ис, уыдон иууылдӕр. Саламтӕ ратт, мах чи уарзы, уыцы уырнджытӕн. Хуыцауы хорзӕх уе ’ппӕты дӕр уӕд.
Хуыцауы хорзӕх уе ’ппӕты дӕр уӕд.