Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Тимофеймӕ 6:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 О Тимофей, цы дын бабар чындӕуыд, уый бахъахъхъӕн. Ӕнӕгъдау дзӕгъӕлдзырдӕй ӕмӕ ӕнӕзонд быцӕутӕй дӕхи хиз.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Тимофеймӕ 6:20
30 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Павел бахӕццӕ Дервимӕ ӕмӕ Листрӕмӕ. Уым царди иу ахуыргӕнинаг, йӕ ном — Тимофей. Йӕ мад уыди иудейаг — чырыстон сылгоймаг, йӕ фыд та — муртаттаг.


Эпикурион ӕмӕ стоикон философтӕй иуӕй-иутӕ райдыдтой йемӕ быцӕу кӕнын. Сӕ иутӕ дзырдтой: «Цы зӕгъынмӕ хъавы уыцы дзӕгъӕлдзых?» Иннӕтӕ та: «Ӕнхъӕлдӕн, уый ӕцӕгӕлон хуыцӕуттыл ӕууӕндын кӕны». Уымӕн ӕмӕ сын Павел дзырдта Фарны Уац Йесойы тыххӕй ӕмӕ сын кодта мӕрдтӕй райгасы кой.


Афинӕгтӕ ӕмӕ уым цӕрӕг фӕсарӕйнӕгтӕ сӕ рӕстӕг хуыздӕрӕн ӕрвыстой исты ног хабӕрттӕ дзургӕйӕ кӕнӕ сӕм хъусгӕйӕ.


Сӕхи зондджынтӕ хонынц, фӕлӕ сӕ зонд фӕцыди,


Бӕгуыдӕр. Стыр пайда у алцыппӕтӕй дӕр. Сӕйрагдӕр уый у, ӕмӕ Хуыцау Йӕ ныхӕстӕ уыдоны ӕвджид бакодта.


Зондыл та ахуыр кӕнӕм алцӕмӕй дӕр цӕттӕ уырнджыты, ӕрмӕст ацы дунейы зондыл, стӕй, сӕ кӕрон кӕмӕн ӕрцӕуы, а дунейы уыцы ӕлдариуӕггӕнджыты зондыл нӕ,


Уымӕн ӕмӕ ацы дунейы зонд Хуыцауы цӕсты ӕнӕзонддзинад у, Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Зондджынтӕн сӕ хинтӕ сӕхи ныхмӕ фӕкӕны».


Се ’нӕхъуаджы сӕрныллӕгӕй ӕмӕ зӕдтӕн кувынӕй зӕрдӕрухс чи у, уыдонӕй уӕ мачи асайӕнт. Уыдонӕн сӕ дины бындур мӕнг цӕстылуайӕнтӕ сты. Ахӕмтӕ дзӕгъӕлы сӕрыстыр сты сӕ зӕххон зондӕй.


Уӕхи хъахъхъӕнут, цӕмӕй уӕ мачи асайа ӕнӕпайда ӕмӕ гӕдыбыд ахуырӕдтӕй. Уыдонӕн сӕ бындур Чырысти нӕу, фӕлӕ дунейы ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ адӕмы таурӕгътӕ.


Сымах цы ӕфхӕрд ӕмӕ зынтӕ ӕвзарут, уыдонӕн фӕразон кӕй стут ӕмӕ уӕм фидар уырнындзинад кӕй ис, уый тыххӕй мах уӕ хорзы кой кӕнӕм Хуыцауы ӕппӕт иннӕ аргъуанты дӕр.


Уӕдӕ, ӕфсымӕртӕ, ут ӕнӕфӕцудгӕ ӕмӕ фидар хӕцут, мах уӕм ныхасӕй кӕнӕ фыстӕй кӕй ӕрхастам, уыцы ӕцӕгадыл.


Уыцы ахуырад цӕуы арфӕйаг Хуыцауы кадыл дзурӕг Фарны Уацӕй — мӕнӕн кӕй бафӕдзӕхстӕуыд, уымӕй.


Ӕз фыссын Тимофеймӕ, уырнындзинады руаджы мын ӕцӕг хъӕбул чи сси, уымӕ. Хорзӕх, арфӕ ӕмӕ дын фарн Фыд Хуыцауӕй ӕмӕ нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийӕ.


ӕмӕ ныууадзой ӕрымысгӕ хабӕрттӕ, стӕй рагфыдӕлты хӕдзарвӕндӕгты ӕнӕкӕрон койтӕ. Ӕппӕт уыдӕттӕн нӕй фӕуӕн, расайынц ӕнӕпайда быцӕутӕ ӕмӕ ахъаз не сты Хуыцауы хъуыддагӕн — уырнындзинады руаджы адӕмы ирвӕзын кӕнынӕн.


Иуӕй-иутӕ фӕиппӕрд сты уыцы фӕндагӕй ӕмӕ схӕцыдысты ӕнӕпайда дзӕнгӕдайыл.


Ома, Ӕгъдау рӕстгӕнӕгӕн нӕ, фӕлӕ йӕ чи не ’ххӕст кӕны, уыдонӕн фыст у — хиваст, ӕнаккаг, ӕнӕхуыцау, тӕригъӕдджын адӕймӕгтӕн, сыгъдӕгдзинад ницӕмӕдарджытӕн, фыд кӕнӕ мадмӕ йӕ къух сисджытӕн, лӕгмартӕн,


Дӕхи хиз, ӕнӕуаг ӕмӕ ӕрмӕст зӕронд устытыл чи фидауы, ахӕм тутт ныхӕстӕй, фӕлӕ фӕлвар Хуыцауӕн фӕндиагӕй цӕрыныл.


Ды та, Хуыцауы сконд адӕймаг, дӕхи бахиз ӕппӕт уыдӕттӕй. Тырн рӕстадмӕ, Хуыцауӕн фӕндиаг цардмӕ, уырнынадмӕ, уарзтмӕ, фӕразон ӕмӕ сӕрныллӕг уӕвынмӕ.


ӕппӕт амындтытӕ ӕнувыдӕй ӕмӕ ӕнӕфауӕй ӕххӕст кӕн суанг нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы ӕрцыдмӕ.


Уӕдӕ, мӕ хъӕбул, дӕхи фидар кӕн, Йесо Чырыстийы руаджы кӕмӕй схайджын стӕм, уыцы хорзӕхӕй.


Ӕлгъаг ӕвдӕлон ныхӕстӕй дӕхи хъахъхъӕн. Ӕмхиц сӕм чи у, уыдон дардӕй-дарддӕр кӕнынц Хуыцауӕй.


ӕмӕ ма хъусой иудейаг аргъӕуттӕм ӕмӕ ӕцӕгад ныууадзӕг адӕмы амындтытӕм.


Ӕз фыссын Титмӕ, нӕ иумӕйаг уырнындзинады фӕрцы мын ӕцӕг хъӕбул чи сси, уымӕ. Фарн ӕмӕ дын хорзӕх Фыд Хуыцауӕй ӕмӕ нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийӕ.


цы ӕцӕгады ныхасыл сахуыр, ууыл — иузӕрдион. Уӕд йӕ бон уыдзӕн раст ахуырадӕй иннӕты ныфс бауадзын, ныхмӕлӕуджытӕн бауайдзӕф кӕнын.


Рагфыдӕлты хӕдзарвӕндӕгты тыххӕй ӕнӕсӕрфат ранымай-банымайӕ, Моисейы Ӕгъдауы фӕдыл быцӕутӕй ӕмӕ загъдӕй та дӕхи хиз — дзӕгъӕлы ӕмӕ ӕнӕпайда сты.


Уӕдӕ дӕ цӕуыл сахуыр кодтой ӕмӕ цы фехъуыстай, уый ӕрымыс, цӕр уымӕ гӕсгӕ ӕмӕ ӕрфӕсмон кӕн. Куынӕ райхъал уай, уӕд дӕм Ӕз ӕрцӕудзынӕн хуыснӕгау, ӕмӕ Мын ды Ме ’рцыды сахат нӕ базондзынӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ