Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Тимофеймӕ 6:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Ды та, Хуыцауы сконд адӕймаг, дӕхи бахиз ӕппӕт уыдӕттӕй. Тырн рӕстадмӕ, Хуыцауӕн фӕндиаг цардмӕ, уырнынадмӕ, уарзтмӕ, фӕразон ӕмӕ сӕрныллӕг уӕвынмӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Тимофеймӕ 6:11
40 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йоровам нывӕндтӕ ӕрхӕссыны охыл нывондхӕссӕны цур куыд лӕууыд, афтӕ Иудейӕ Вефилмӕ, Дунедарӕджы дзырдмӕ гӕсгӕ, ӕрбацыд иу пехуымпар, Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг.


Фӕндагӕй йӕ чи раздӕхта, уыцы пехуымпар хабар куы фехъуыста, уӕд загъта: «Уый, Дунедарӕгмӕ чи нӕ байхъуыста, уыцы Хуыцауы ӕвзӕрст адӕймаг у. Дунедарӕг ӕй домбайы амӕттаг бакодта, ӕмӕ йӕ уый Дунедарӕджы дзырдӕй аргӕвста».


уӕд сылгоймаг Илийайӕн загъта: «Цы дӕ хъӕуы мӕнӕй, Хуыцауы минӕвар? Мӕ тӕригъӕдтӕ мын мӕ зӕрдыл ӕрӕфтауынмӕ ӕрбацыдтӕ ӕмӕ мӕ лӕппуйы амарынмӕ?»


Сылгоймаг ын дзуапп радта: «Ныр ӕй зонын, ды Хуыцауы минӕвар дӕ, ӕмӕ Дунедарӕджы номӕй цы дзурыс, ууыл ӕцӕгӕйдӕр ис ӕууӕндӕн».


Израилы паддзахмӕ ӕрбацыди Хуыцауы минӕвар ӕмӕ йын загъта: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: сириӕгтӕ афтӕ кӕй дзурынц, Дунедарӕг быдырты Хуыцау нӕу, фӕлӕ хӕхбӕсты Хуыцау у, зӕгъгӕ, уый тыххӕй сын се ’нӕнымӕц бардз ратдзынӕн уӕ къухтӕм, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый».


Паддзах арвыста ӕртыккаг фӕндзайыхицауы йӕ фӕндзай хӕстонимӕ. Уый Илийамӕ куы схӕццӕ ис, уӕд йӕ разы йӕ уӕрджытыл ӕрхауд ӕмӕ йын балӕгъстӕ кодта: «Хуыцауы минӕвар! Дӕ хорзӕхӕй, мӕн дӕр ӕмӕ дӕ цагъарты, мӕнӕ ацы фӕндзай хӕстоны дӕр, ма бабын кӕн.


ӕмӕ йӕм арвыста фӕндзайыхицау йӕ фӕндзай хӕстонимӕ. Ныр Илийа та хохы сӕрыл бадти. Фӕндзайыхицау ӕм куы схӕццӕ ис, уӕд ын загъта: «Хуыцауы минӕвар, паддзах зӕгъы, цӕмӕй дӕлӕмӕ рацӕуай!»


Иосиа сахары цӕрджыты бафарста: «Мӕнӕ ацы цырт та цы у?» Дзуапп ын радтой: «Уый у Хуыцауы ӕвзӕрст лӕджы цырт, кӕддӕр Иудейӕ ссыди, ныр ды Вефилы нывондхӕссӕнӕн цы ми кӕныс, уый тыххӕй рагацау фехъусын кӕнынмӕ».


уӕд Гиези, Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг Елисейы лӕггадгӕнӕг, загъта йӕхицӕн: «Мӕ хицау уыцы арамейаг Нееманы лӕвӕрттӕ нӕ бакуымдта, фӕлӕ сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, ӕз ӕй хъуамӕ баййафон ӕмӕ дзы исты райсон».


Хуыцауы минӕвар Моисейы байзӕддӕгтӕ та нымад ӕрцыдысты левиттыл.


Йӕ фыд Давиды фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ скодта сауджынты куысты рад, стӕй левитты куысты рад, сӕ хӕстӕм гӕсгӕ, цӕмӕй стауой Дунедарӕджы, ӕххуыс кӕной сауджынтӕн, алы боны фӕткмӕ гӕсгӕ. Ноджы ма алы кулдуары раз дӕр скодта хъахъхъӕнджыты рад, йӕ фыд Давид, Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг, куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.


Левитты хистӕртӕ: Хашавиа, Шеревиа, Кадмиелы фырт Йешуа се ’фсымӕртимӕ арфӕйы рӕстӕг кады зарджытӕ хъуамӕ зарой, Хуыцауы уарзон адӕймаг Давиды амындмӕ гӕсгӕ, кӕрӕдзийы ивгӕйӕ.


ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ: Шемайа, Азарел, Милалай, Гилалай, Маай, Нетанел, Иудӕ, ӕмӕ Ханани Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг Давиды уадынгӕрзтимӕ, сӕ разӕй — динамонӕг Езра.


Раст цыма мӕ лымӕнтӕ, ме ’фсымӕртӕ уыдысты, уыйау-иу сӕ бабӕрӕг кодтон, мӕ мады мӕлӕтыл кӕуӕгау сыл-иу бахъынцъым кодтон.


Дунедарӕгӕн ӕнӕхуыцауы фӕндаг ӕлгъаг у, раст фӕндагыл чи цӕуы, ахӕмы уарзы.


«Ӕрбайхъусут-ма Мӕм, раст хъуыддӕгтӕ аразыныл йӕхи чи хъары ӕмӕ Мӕнмӕ чи кувы, уыдон! Скӕсут-ма, цы къӕдзӕхӕй уӕ ӕркарстӕуыд, уымӕ! Ныккӕсут-ма, цы донуатӕй уӕ скъахтӕуыд, уымӕ дӕр!


Ӕрбакодтон сӕ Дунедарӕджы хӕдзармӕ, пехуымпар Хананы фыртты, Игдалиайы фырты фыртты, агъуыстмӕ. Уыцы уат уыди уӕздӕтты агъуысты цур, йӕ бынмӕ та уыди Шаллумы фырт Маасеайы, хӕдзары бацӕуӕн хъахъхъӕнӕджы, уат.


Уӕдӕ тырндзыстӕм, фарн цы хӕссы ӕмӕ нын кӕрӕдзийы фидар кӕнынӕн ахъаз цы у, уымӕ.


Уӕдӕ, мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, уӕхи хизут мӕнгхуыцӕуттӕм кувынӕй.


Тырнут уарзӕгойӕ цӕрынмӕ, ӕнувыдӕй архайут, Уд кӕй дӕтты, уыцы курдиӕттӕ райсыныл, уӕлдайдӕр та пехуымпариуӕг кӕныныл.


Уӕхи хизут хӕтынӕй: адӕймаг цыдӕриддӕр тӕригъӕды бацӕуы, уый буары ӕдде вӕййы, фӕлӕ хӕтаг йӕхи буары тӕригъӕды цӕуы.


Рӕстдзинадмӕ, ӕрмӕстдӕр рӕстдзинадмӕ тырн, цӕмӕй сӕрӕгасӕй баззайай ӕмӕ дын Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, цы бӕстӕ дӕтты, уый дӕхи бакӕнай.


Йӕ мӕлӕты размӕ Моисей, Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг, израилӕгтӕн арфӕ ракодта.


Нӕ Бардарӕг мын рӕдауӕй бахай кодта Йӕ хорзӕхӕй ӕмӕ, Йесо Чырыстиимӕ иу кӕй стӕм, уый руаджы нӕхи чи свӕййы, уыцы уырнындзинад ӕмӕ уарзтӕй.


Ӕвзонг кӕй дӕ, уый тыххӕй дыл ӕнӕввӕрсонтӕ мачи кӕнӕд. Уырнджытӕн у фӕзминаг дӕ ныхасӕй, дӕ цардӕй, дӕ уарзтӕй, дӕ уырнындзинадӕй, ӕнӕкъӕм кӕй дӕ, уымӕй.


Алчидӕр сӕ хъуамӕ зындгонд уа йӕ хорз хъуыддӕгтӕй: схъомыл кодта сывӕллӕттӕ, бӕлццӕттӕн уыд фысым, сыгъдӕджытӕн ӕхсадта сӕ къӕхтӕ, ӕххуыс кодта иннӕтӕн сӕ зынты — алы хорз хъуыддагмӕ дӕр у ӕмхиц.


О Тимофей, цы дын бабар чындӕуыд, уый бахъахъхъӕн. Ӕнӕгъдау дзӕгъӕлдзырдӕй ӕмӕ ӕнӕзонд быцӕутӕй дӕхи хиз.


Уӕдӕ, йӕхи алы ӕвзӕрдзинадӕй чи ссыгъдӕг кӕна, уый уыдзӕнис кадджын ӕмӕ уаз мигӕнӕн — пайда дзы кӕны Хӕдзары Хицау ӕмӕ бӕззы алы хорз хъуыддагӕн дӕр.


Лӕппуйы монцтӕй хиз дӕхи. Сыгъдӕгзӕрдӕйӕ Бардарӕгмӕ чи кувы, уыдонимӕ тырн рӕстӕй цӕрынмӕ, уырнындзинадмӕ, уарзт ӕмӕ фидыдмӕ.


Ды та дӕ цард сарӕзтай мӕ ахуырадмӕ гӕсгӕ; бафӕзмыдтай мӕ царды уаг, мӕ бӕллицтӕ, мӕ уырнынад, мӕ уарзт, куыд фӕразон ӕмӕ фидар дӕн, уый.


Хуыцауы сконд адӕймаг алы хуызы ифтонг ӕмӕ алы хорз хъуыддагмӕ дӕр цӕттӕ куыд уа, афтӕ.


Архайут алкӕимӕ дӕр фидыдӕй цӕрыныл; тырнут уӕхи сыгъдӕгӕй дарынмӕ, уымӕн ӕмӕ ӕнӕ уымӕй Бардарӕджы ничи фендзӕн.


ныууадзӕд фыдӕх ӕмӕ аразӕд хорз хъуыддӕгтӕ, зӕрдиагӕй тырнӕд фидыдмӕ.


Елиамӕ ӕрцыди Хуыцауы ӕрвыст лӕг ӕмӕ йын загъта: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: дӕ хӕдзарвӕндаджы фыдӕлтӕн, далӕ ма Мысыры фараонӕн цагъартӕ куы уыдысты, уӕд Мӕхи нӕ раргом кодтон, ӕви?


Фӕлӕ йын ӕххуырст загъта: «Ацы сахары ис Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг, тынг ӕй нымайынц, цыдӕриддӕр фӕзӕгъы, уый ӕнӕмӕнг сӕххӕст вӕййы. Цӕй ӕмӕ уымӕ бацӕуӕм. Чи зоны, ӕмӕ нын бацамона, цавӕр фӕндагыл нын цӕугӕ у, уый».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ