25 Афтӕ бӕлвырд сты хорз хъуыддӕгтӕ дӕр, фӕлӕ, кӕд бӕлвырд не сты, уӕд дӕр нӕ басусӕг уыдзысты.
Раст фӕндагыл чи цӕуы, уый ӕдас у, галиу фӕндӕгтыл чи цӕуы, уый та ӕфхӕрд баййафдзӕн.
Афтӕ уӕ рухс дӕр кӕлӕд адӕммӕ, цӕмӕй уын уыной уӕ хорз хъуыддӕгтӕ ӕмӕ кад кӕной уӕ Уӕларвон Фыдӕн.
Цырагъ чи ссудзы, уый йӕ сусӕг ран кӕнӕ дурыны нӕ бавӕры, фӕлӕ йӕ цырагъдарӕныл, бацӕуджытӕ рухс куыд уыной, афтӕ сӕвӕры.
Уыдон загътой: «Сӕдӕйыхицау Корнелий раст адӕймаг у, тӕрсы Хуыцауӕй, ӕппӕт иудейаг адӕм ӕй нымайынц. Сыгъдӕг зӕд ын бафӕдзӕхста дӕу йӕ хӕдзармӕ ӕрхонын ӕмӕ дын дӕ ныхӕстӕм байхъусын».
Иу лӕг, Ананиа, — Ӕгъдауыл ӕнувыд, ӕппӕт дамаскаг иудейӕгтӕм нымад —
Яффойы уыдис иу уырнӕг сылгоймаг, йӕ ном — Тавифӕ (ома Сычъи). Бирӕ хорз хъуыддӕгтӕ арӕзта, мӕгуыртӕн ӕххуыс кодта.
Йесо Чырыстийы фӕрцы алцӕмӕй дӕр разындзыстут рӕстгӕнджытӕ Хуыцауы кад ӕмӕ намысӕн.
Хъуамӕ йӕ нымайой ӕнӕуырнджытӕ дӕр, цӕмӕй дзы ӕвзӕрӕй мацы райхъуыса ӕмӕ хӕйрӕджы хызы ма бахауа.
Уӕларвӕй мӕм ӕрыхъуысти хъӕлӕс ӕмӕ мын загъта: «Ныффысс: нырӕй фӕстӕмӕ Бардарӕгыл ӕууӕндгӕйӕ чи мӕлы, уыдон тӕхудиаг сты». — «О, уыдон ӕрӕнцайдзысты сӕ фыдӕбӕттӕй, — зӕгъы Уд, — уымӕн ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕ цӕуынц сӕ фӕдыл».