Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Тимофеймӕ 5:22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

22 Искӕуыл къух ӕрӕвӕрынмӕ ма батагъд кӕн, цӕмӕй ма схайджын уай кӕйдӕр тӕригъӕдӕй; дӕхи бахиз фӕчъизийӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Тимофеймӕ 5:22
18 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уымӕн ӕмӕ Ды нывонд нӕ агурыс мӕнӕй, иууылсудзинӕгтӕ Дын ӕхцон не сты.


Ком дарын ӕмӕ куывд куы фесты, уӕд Варнавӕ ӕмӕ Савлыл ӕрӕвӕрдтой сӕ къухтӕ ӕмӕ сӕ афӕндараст кодтой.


Фӕлӕ уыдон йӕ ныхмӕ кӕй уыдысты ӕмӕ йӕ кӕй фаудтой, уымӕ гӕсгӕ Павел ацагъта йӕ дарӕсы рыг ӕмӕ сын загъта: «Уе сӕфт уӕхи тыххӕй ӕрцӕудзӕн, ӕз сыгъдӕг дӕн ӕмӕ ныр муртаттӕгтӕм цӕуын».


Уымӕ гӕсгӕ уын ӕз абон зӕгъын: нырӕй фӕстӕмӕ ӕз сӕрибар дӕн уӕ алкӕй фидӕны цард кӕнӕ мӕлӕтӕй.


Ӕркодтой сӕ апостолтӕм. Уыдон сын бакуывтой ӕмӕ сыл сӕ къухтӕ авӕрдтой.


Ӕмӕ уын, талынджы ӕнӕпайда хъуыддӕгты чи архайы, уыдонимӕ иумӕйагӕй мацы уӕд, фӕлӕ сын сӕ хурмӕ хӕссут.


Ахӕмты фыццаг хъӕуы бафӕлварын, ӕмӕ ӕнӕфау куы разыной, уӕд-иу диакъоны лӕггад кӕнӕнт.


Аргъуаны хистӕр хъуамӕ уа ӕнӕфау, иу усы мой, уӕззау зонды хицау, хӕдӕфсарм, хӕрзуаг, уазӕгуарзон, хорз зондамонӕг,


Аргъуаны хистӕр, ӕрӕджы чи баууӕндыд, уыдонӕй ма уӕд, цӕмӕй йӕхиуыл ма фервӕсса ӕмӕ, хӕйрӕгӕн цы тӕрхон рахастӕуыд, ахӕм тӕрхон ын ма рахастӕуа.


Ӕвзонг кӕй дӕ, уый тыххӕй дыл ӕнӕввӕрсонтӕ мачи кӕнӕд. Уырнджытӕн у фӕзминаг дӕ ныхасӕй, дӕ цардӕй, дӕ уарзтӕй, дӕ уырнындзинадӕй, ӕнӕкъӕм кӕй дӕ, уымӕй.


Аргъуаны хистӕртӕ дыл сӕ къухтӕ куы ӕрӕвӕрдтой, уӕд дын пехуымпар ныхасмӕ гӕсгӕ Хуыцау цы курдиат радта, уымӕ уазал цӕстӕй ма кӕс.


Уымӕ гӕсгӕ ма дын иу хатт зӕгъын: мӕ къухӕрӕвӕрды руаджы Хуыцау дӕуӕн кӕй радта, уыцы курдиаты арт ахуыссын ма бауадз.


Ӕмӕ, бирӕ ӕвдисӕнты раз мӕнӕй цы фехъуыстай, уый ды та фӕхӕццӕ кӕн, зӕрдӕ дарӕн кӕуыл ис, иннӕты дӕр сахуыр кӕнынмӕ чи сарӕхсдзӕн, ахӕмтӕм.


алыхуызон аргъуыдтыл, къухтӕ ӕрӕвӕрыныл, мӕрдты райгасыл ӕмӕ мыггагмӕйы тӕрхоныл.


Израилӕгтӕ сын сӕ фӕндаггӕгтӕм ӕркастысты, фӕлӕ Дунедарӕджы нӕ бафарстой, афтӕмӕй сын сӕ хойрагӕй сахуыстой.


Уымӕн ӕмӕ йын «ӕгасцуай» чи зӕгъа, уый йын йӕ хӕрам хъуыддӕгты свӕййы цӕдисӕмбал.


Уӕларвӕй мӕм ӕрыхъуыст ӕндӕр хъӕлӕс: «Рацӕут уырдыгӕй, Мӕ адӕм, цӕмӕй йӕ тӕригъӕдтыл ма бафтат ӕмӕ йемӕ ӕфхӕрд ма баййафат.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ