Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Тимофеймӕ 5:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Уымӕн ӕмӕ Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Найгӕнӕг галӕн йӕ дзых ма бӕтт» ӕмӕ: «Алы кусӕг дӕр мызды аккаг у».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Тимофеймӕ 5:18
13 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Макӕй ӕфхӕр ӕмӕ макӕй стигъ. Де ’ххуырстӕн йӕ мызд райсоммӕ дӕхимӕ ма уром.


нӕдӕр хордзен, нӕдӕр ивӕн дарӕс, нӕдӕр дзабыртӕ, нӕдӕр лӕдзӕг. Уымӕн ӕмӕ кусӕг уый аккаг у, цӕмӕй йын къӕбӕр бахӕрын кӕной.


Баззайут-иу уыцы хӕдзары ӕмӕ сӕм цы ис, уымӕй хӕрут ӕмӕ нуазут сымах дӕр, уымӕн ӕмӕ кусӕг у йӕ куыстӕн хӕрзиуӕг райсыны аккаг; хӕдзари-хӕдзар-иу ма зилут.


Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Чидӕриддӕр Ыл ӕууӕнды, уый нӕ фегад уыдзӕн».


Хуыцау рагагъоммӕ кӕй базыдта, Йӕ уыцы адӕмы нӕ ныууагъта. Куы йӕ зонут Сыгъдӕг Фыстӕй, Илийа израилӕгтыл Хуыцаумӕ куыд бахъаст кодта, уый:


Сыгъдӕг Фыст цы зӕгъы? «Авраам баууӕндыди Хуыцауыл, ӕмӕ йӕ Хуыцау уый тыххӕй банымадта рӕстгӕнӕгыл».


Хуыцау Сыгъдӕг Фысты зӕгъы фараонӕн: «Бӕрзонд бынаты дӕ Ӕз уымӕн сӕвӕрдтон, цӕмӕй дӕ фӕрцы равдисон Мӕ тых ӕмӕ цӕмӕй Мӕ ном айхъуыса ӕппӕт зӕххы цъарыл».


Афтӕ Бардарӕг Фарны Уац хъусынгӕнджытӕн дӕр бафӕдзӕхста Фарны Уац хъусын кӕнынӕй цӕрын.


Сыгъдӕг Фысты рагацау загъдӕуыди, Хуыцау муртаттӕгты кӕй сраст кӕндзӕн уырнындзинады фӕрцы; ӕмӕ Хуыцау Авраамӕн развӕлгъау фехъусын кодта Фарны Уац: «Дӕ фӕрцы арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ».


Ӕви сымах афтӕ ӕнхъӕлут, ӕмӕ Сыгъдӕг Фыст дзӕгъӕлы зӕгъы: «Хуыцау нӕ зӕрдӕты Кӕй ӕрцӕрын кодта, уыцы Уд мах афтӕ бирӕ уарзы, ӕмӕ Йӕ фӕнды, ӕрмӕстдӕр Уый дӕлбар куыд уӕм»?


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ