17 Нывыл разамынд цы аргъуаны хистӕртӕ дӕттынц, уыдонӕн фылдӕр аргъ кӕнын хъӕуы, Хуыцауы ныхас амоныныл ӕмӕ ахуыр кӕныныл чи кусы, уӕлдайдӕр уыдонӕн.
Цӕугӕдоны фаллаг фарс Илийа загъта Елисейӕн: «Исты мӕ ракур, цалынмӕ мӕ Дунедарӕг дӕ цурӕй нӕма айста, уӕдмӕ». Елисей йын загъта: «Цы уд дӕм ис, уымӕй мын дыууӕ ахӕмы ратт!»
Йерусалиммӕ рӕвдаугӕ дзурут. Зӕгъут ын, дӕ уацары бонтӕ, зӕгъ, фӕцыбыр сты, дӕ азым дын барст ӕрцыди. Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы къухӕй дывӕр ӕфхӕрд баййӕфта йӕ тӕригъӕдты тыххӕй!»
Сӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ сын сӕ фыдракӕндтӕ Ӕз бафиддзынӕн дывӕрӕй, уымӕн ӕмӕ Мын Мӕ зӕхх ӕнаккаг мӕрдтӕй фӕчъизи кодтой, Мӕ зӕххы хай Мын се ’лгъӕгтӕй байдзаг кодтой».
Мӕ сурджытӕ фӕхудинаг уӕнт, мӕн та бахиз стыр тасӕй. Фыдбылыз сын бавзарын кӕн, уӕззау цӕфӕй сӕ басӕтт!
Ныфссаст уацайрӕгтӕ! Раздӕхут уӕ фидармӕ! Абон дын Ӕз хъусын кӕнын: дӕ хъизӕмӕрттӕ дын дывӕрӕй бафиддзынӕн.
Уый уын — уӕ куысты ныхмӕ Фембӕлды Цатыры. Уӕхӕдӕг дӕр, уӕ бинонтӕ дӕр, кӕм уӕ фӕнды, уым ӕй хӕрут,
Ӕз уӕ уыдӕтты тыххӕй уӕ рагацау фӕдзӕхсын.
Баззайут-иу уыцы хӕдзары ӕмӕ сӕм цы ис, уымӕй хӕрут ӕмӕ нуазут сымах дӕр, уымӕн ӕмӕ кусӕг у йӕ куыстӕн хӕрзиуӕг райсыны аккаг; хӕдзари-хӕдзар-иу ма зилут.
Бардарӕг дзуапп радта: «Чи у иузӕрдион ӕмӕ зондджын хӕдзаргӕс? Хӕринаг сын афоныл радӕттыны тыххӕй хӕдзары хицау йӕ цагъартӕн хистӕрӕй кӕй сӕвӕрдзӕни?
Ӕз уӕ арвыстон, сымах кӕй нӕ бакуыстат, уый кӕрдынмӕ. Ӕндӕртӕ бафыдӕбон кодтой, ӕмӕ сӕ куыстӕй хай ис сымахӕн дӕр».
Ӕмӕ сӕ ныхас сӕххӕст кодтой: цы сӕм ӕрӕмбырд ис, уый Варнавӕ ӕмӕ Савлимӕ арвыстой аргъуаны хистӕртӕм.
Ӕз уын алцӕмӕй дӕр равдыстон, афтӕ кусгӕйӕ кӕй хъӕуы лӕмӕгътӕн ӕххуыс кӕнын ӕмӕ Бардарӕг Йесойы ныхӕстӕ зӕрдыл дарын, уымӕн ӕмӕ Уый Йӕхӕдӕг загъта: „Райсынӕй раттын хуыздӕр у“».
Тынг нӕ сбуц кодтой ӕмӕ, куы цыдыстӕм, уӕд нын немӕ нывӕрдтой, цы нӕ хъуыди, уыдӕттӕ.
ныфсдӕттӕг чи у — ныфс ӕвӕрӕд; исты дӕттыс — дӕтт ӕй сыгъдӕгзӕрдӕйӕ; хистӕр чи у — хистӕриуӕг кӕнӕд зӕрдиагӕй; хӕрзгӕнӕг чи у — хорз кӕнӕд зӕрдӕрухсӕй.
Бафӕндыди сӕ, стӕй сӕ хӕсджын дӕр сты. Уымӕн ӕмӕ, иугӕр муртаттӕгтӕ схайджын сты чырыстон иудейӕгты монон исбонӕй, уӕд сын хъуамӕ уыдон дӕр сӕ зӕххон хъуӕгтӕ баххӕст кӕнынмӕ феххуыс кӕной.
Саламтӕ — Бардарӕджы ӕнӕзӕрдӕхудт кусджытӕ Трифенӕ ӕмӕ Трифосӕйӕн. Саламтӕ — Бардарӕгӕн дзӕвгар чи балӕггад кодта, нӕ уыцы уарзон хо Персидӕйӕн.
Фӕлӕ ӕз, цы дӕн, уый Хуыцауы хорзӕхӕй дӕн. Ӕмӕ Йӕ хорзӕхӕй хайджын дзӕгъӕлы нӕ фӕдӕн: ӕз се ’ппӕтӕй дӕр фылдӕр бакуыстон — ӕниу, ӕз нӕ, фӕлӕ мемӕ чи ис, Хуыцауы уыцы хорзӕх.
ахӕмты, стӕй ма уыцы хъуыддаджы семӕ чидӕриддӕр фӕллой кӕны, уыдоны коммӕ кӕсут.
Мах Хуыцауимӕ стӕм ӕмкусджытӕ, сымах та стут Хуыцауы хуым, Хуыцауы бӕстыхай.
Мах, Хуыцауы ӕмкусджытӕ, курӕм сымахӕй: Хуыцау уӕ цы хорзӕхӕй схайджын кодта, уый уын дзӕгъӕлы ма фӕуӕд.
Хуыцауы ныхас кӕмӕн амындӕуы, уый йӕ цавӕрфӕнды исбонӕй дӕр хай кӕнӕд ахуыргӕнӕгӕн.
уӕд ын уыдонимӕ ӕмхуызон хай ис, йӕ фыды бынтӕ йын цӕрынваг куы кӕной, уӕд дӕр.
Парахат кӕнут царддӕттӕг ныхас. Ӕмӕ, Чырысти куы ’рцӕуа, уӕд мӕ бон раппӕлын уыдзӕни, дзӕгъӕлы кӕй нӕ архайдтон, стӕй дзӕгъӕлы кӕй нӕ фӕкуыстон, уымӕй.
Уӕдӕ, Бардарӕгӕн ӕхсызгон куыд уа, афтӕ йыл сӕмбӕлут цинимӕ. Аргъ кӕнут ахӕмтӕн.
Дӕуӕй дӕр, мӕ иузӕрдион ӕмкусӕг, ӕххуыс курын уыцы сылгоймӕгтӕн. Сӕ нӕмттӕ царды чиныджы фыст кӕмӕн сты, уыцы Клемент ӕмӕ мӕ иннӕ ӕмкусджыты ӕмрӕнхъ уыдон дӕр мемӕ иумӕ тох кодтой Фарны Уац адӕммӕ хӕссыны сӕраппонд.
Уымӕн ӕмӕ хи хӕдзарӕн уынаффӕ кӕнынмӕ чи нӕ арӕхсы, уый Хуыцауы аргъуаны хъуыддӕгтӕ куыд кӕндзӕн?
Уыцы царды сӕраппонд у нӕ фӕллой ӕмӕ нӕ тох, уымӕн ӕмӕ нӕ зӕрдӕ цардӕгас Хуыцауыл дарӕм; Хуыцау та ӕппӕт адӕмӕн, уӕлдайдӕр уырнджытӕн, сӕ Ирвӕзынгӕнӕг у.
Аргъуаны хистӕртӕ дыл сӕ къухтӕ куы ӕрӕвӕрдтой, уӕд дын пехуымпар ныхасмӕ гӕсгӕ Хуыцау цы курдиат радта, уымӕ уазал цӕстӕй ма кӕс.
Лӕмбынӕг кӕс дӕхимӕ ӕмӕ ахуырадмӕ, афтӕ кӕн иудадзыг — уӕд дӕхи дӕр ӕмӕ дӕм чи хъусы, уыдоны дӕр фервӕзын кӕндзынӕ.
Уыдӕттӕ амон ӕфсымӕртӕн ӕмӕ уыдзынӕ, уырнындзинады ныхасӕй, стӕй, цы арфӕйаг ахуырадыл ныллӕууыдтӕ, уый ныхасӕй рӕз чи схаста, Йесо Чырыстийы уыцы хорз кусӕг.
Аргъуаны хистӕрыл цы хъаст ӕрбацӕуа, уымӕ ма байхъус, дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ ӕвдисӕны куынӕ уа, уӕд.
Ӕххуыс кӕн, иунӕгӕй чи баззад, уыцы идӕдз сылгоймӕгтӕн.
Цы хор ӕрзад, уымӕй хай фыццаг хъуамӕ ӕрхауа, чи йыл фыдӕбон кодта, уыцы зӕхкусӕгмӕ.
хъусын кӕн Хуыцауы дзырд, амон ӕй, фадат дын куы уа, уӕд дӕр ӕмӕ дын куынӕ уа, уӕд дӕр. Цӕстмӕ дар, уайдзӕф кӕн, рӕвдау — амон фӕразонӕй.
Уӕ хистӕртӕ сымах удтыл тыхсынц — сымах тыххӕй сӕ дзуапп дӕттын бахъӕудзӕн, ӕмӕ сӕм хъусут, кӕсут сӕ коммӕ, цӕмӕй кусой ӕнкъардӕй нӕ, фӕлӕ цингӕнгӕ. Ӕнкъардӕй куы кусой, уӕд уый уӕ пайдайӕн нӕу.
Саламтӕ раттут уе ’ппӕт хистӕртӕн ӕмӕ ӕппӕт сыгъдӕджытӕн. Саламтӕ уын дӕттынц италиаг уырнджытӕ.
Ма рох кӕнут, Хуыцауы ныхас уын чи амыдта, уӕ уыцы хистӕрты; куыд фӕцардысты ӕмӕ сӕ цард цӕуыл ахицӕн, уый дарут уӕ зӕрдыл ӕмӕ сын фӕзмут сӕ уырнындзинад.