Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Тимофеймӕ 5:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Ӕрыгон идӕдз сылгоймӕгты та номхыгъдмӕ ма хӕсс, уымӕн ӕмӕ, сӕ монцтӕ Чырыстийӕ уӕлдӕр куы сӕвӕрынц, уӕд сӕ бафӕнды моймӕ фӕцӕуын.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Тимофеймӕ 5:11
13 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Дунедарӕг загъта: «Сионы чызджытӕ ӕгӕр хъал сты, фервӕссыдысты сӕхиуыл. Сӕ сӕртӕ бӕрзӕндты хӕсгӕйӕ, рацӕйцӕуынц ӕмӕ сӕ цӕстӕнгасӕй цырен кӕнынц монцтӕ. Куы рацӕйсирынц, уӕд сӕ къӕхты фӕлындӕнтӕ дзыгъал-мыгъул кӕнын байдайынц.


Уыгӕрдӕн сӕ къухы куы бафтыд ӕмӕ куы бафсӕстысты, уӕд схъал сты. Рох дӕр Мӕ уымӕн фӕкодтой.


Афтӕмӕй Йешуруныл хуыз фӕхӕцыд, ӕмӕ зӕвӕтдзӕгъдӕн систа. Снард сты, сӕ цармы нал цыдысты ӕмӕ коммӕ нал кастысты. Сӕхи атигъ кодтой се Скӕнӕг Хуыцауыл, ныууагътой сӕ ирвӕзӕн Къӕдзӕхы.


Уыдон нӕ уадзынц ус курын, нӕ дӕттынц цыдӕр хойрӕгтӕ хӕрыны бар; афтӕмӕй та сӕ Хуыцау уымӕн сфӕлдыста, цӕмӕй сӕ бузныгӕй хӕрой, чи Йыл баууӕндыд ӕмӕ ӕцӕгад чи базыдта, уыдон.


Афтӕмӕй свӕййынц азымджын, уымӕн ӕмӕ фӕсайынц, раздӕр кӕй радтой, сӕ уыцы дзырд.


Уымӕ гӕсгӕ мӕн фӕнды, цӕмӕй ӕрыгон идӕдз устытӕ цӕуой моймӕ, арой сывӕллӕттӕ, уынаффӕ кӕной сӕ хӕдзӕрттӕн ӕмӕ ныхмӕлӕууӕгӕн мацы фадат дӕттой фауынӕн.


Идӕдзты номхыгъдмӕ бахӕссӕн ис, ӕппынкъаддӕр ӕртиссӕдз азы кӕуыл цӕуы ӕмӕ иу мой кӕмӕн уыд, ахӕм сылгоймӕгты.


Сымах хъалӕй цардыстут зӕххыл, уӕ уды дзӕбӕхӕн; уӕхи хорз схастат уе ’ргӕвдыны бонмӕ.


Уыдон кӕнынц схъӕл ӕмӕ ницӕйаг ныхӕстӕ, чъизи монцты къӕппӕгӕй ахсынц, галиу фӕндагыл цӕуджытӕй нырма ӕрӕджы чи фӕхицӕн, ахӕмты.


Зӕххон паддзӕхтӕ хъахбай митӕ кодтой йемӕ, зӕххон сӕудӕджертӕ схъӕздыг сты йӕ бирӕ исбонӕй».


Цас хъал уыд ӕмӕ цас парахатӕй царди, уыйас ын бавзарын кӕнут хъизӕмар ӕмӕ маст. Уымӕн ӕмӕ хинымӕр зӕгъы: „Ӕз ус-паддзахау бадын, ӕз идӕдз нӕ дӕн ӕмӕ маст нӕ бавзардзынӕн!“


Йемӕ хъахбай митӕ ӕмӕ хъалцард чи кодта, уыцы зӕххон паддзӕхтӕ йын йӕ арты фӕздӕг куы феной, уӕд ыл ныккӕудзысты ӕмӕ ныдздзыназдзысты.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ