Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Тимофеймӕ 2:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Фӕлӕ сылгоймаг дӕр фервӕздзӕн, цот уадзгӕйӕ, уырнындзинад ӕмӕ уарзтимӕ куы цӕра, сыгъдӕг ӕмӕ хӕдӕфсарм куы уа, уӕд.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Тимофеймӕ 2:15
14 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уӕдӕ уын Бардарӕг Йӕхӕдӕг фенын кӕндзӕн ӕвдисӕйнаг: Чызг банхъӕлцау уыдзӕн ӕмӕ Фырт ныййардзӕн, схондзӕн Ӕй Эммануил.


Уымӕн ӕмӕ нын райгуырди Саби — рардӕуыди нын Фырт. Уый у не суинаг Паддзах. Сӕвӕрдзысты Йыл кадджын нӕмттӕ: Ӕрдхӕрӕны Уынаффӕгӕнӕг, Хъомысджын Хуыцау, Ӕнусон Фыд, Фидыды Ӕлдар.


Кӕдмӕ рахау-бахау кӕндзынӕ, гадзрахатӕй рацӕуӕг чызг! Дунедарӕг зӕххыл, ӕрцӕуӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм хъуыддаг сараздзӕн: ус ногӕй уыдзӕни йӕ мойы раз.


Уыйадыл Фырт ныййардта. Хӕцъилты Йӕ батыхта ӕмӕ Йӕ кӕвдӕсы нывӕрдта, уымӕн ӕмӕ сӕм фысымуаты бынат не ’рхаудис.


Иннӕтӕй нӕм къаддӕр чи кӕсы, нӕ буары уыцы уӕнгтыл фылдӕр мӕт кӕнӕм.


Нӕ Бардарӕг мын рӕдауӕй бахай кодта Йӕ хорзӕхӕй ӕмӕ, Йесо Чырыстиимӕ иу кӕй стӕм, уый руаджы нӕхи чи свӕййы, уыцы уырнындзинад ӕмӕ уарзтӕй.


Уыцы фӕдзӕхстӕн йӕ нысан у, сыгъдӕг зӕрдӕ, сыгъдӕг цӕсгом ӕмӕ зӕрдиаг уырнынад кӕй бындур сты, ахӕм уарзондзинад.


Мӕн фӕнды, цӕмӕй сылгоймӕгтӕн сӕ дарӕс уа бонзонгӕ, уой хӕдӕфсарм ӕмӕ ӕмбаргӕ. Фидауцджын уӕд сӕ сӕрыфаст, зӕрин фӕлындӕнтӕ, дзындзытӕ ӕмӕ зынаргъ фӕлыстӕй нӕ,


ӕмӕ мах ахуыр кӕны ӕнӕхуыцау цард ӕмӕ зӕххон мондӕгтӕ ныууадзыныл ӕмӕ ацы дунейы хӕдӕфсармӕй, рӕстӕй ӕмӕ Хуыцауӕн фӕндиагӕй цӕрыныл.


Рӕхджы алцӕмӕн дӕр уыдзӕни кӕрон. Уӕдӕ ут хӕдзонд, кӕддӕриддӕр уӕхи цӕттӕ дарут ӕмӕ кувут.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ