Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Тимофеймӕ 1:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Уыдӕттӕ дын, мӕ хъӕбул Тимофей, ӕз фӕдзӕхсын, дӕу тыххӕй цы пехуымпар ныхӕстӕ уыди, уыдонмӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ уыцы пехуымпар ныхӕстӕй разӕнгардӕй тох кӕн ӕнувыд хӕстонау.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Тимофеймӕ 1:18
19 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Павел бахӕццӕ Дервимӕ ӕмӕ Листрӕмӕ. Уым царди иу ахуыргӕнинаг, йӕ ном — Тимофей. Йӕ мад уыди иудейаг — чырыстон сылгоймаг, йӕ фыд та — муртаттаг.


Уый тыххӕй уӕм арвыстон Тимофейы — Бардарӕгыл ӕнувыд чи у, мӕ уыцы уарзон хъӕбулы. Уӕ зӕрдыл уын ӕрлӕууын кӕндзӕн, Йесо Чырыстийы мӕ царды куыд фӕзмын, уый; мӕ уыцы цардӕвӕрд у, алы аргъуаны дӕр цӕуыл ахуыр кӕнын, уымӕ гӕсгӕ.


Уый кӕд уыдис, ӕмӕ ӕфсӕддон йӕхӕдӕг йӕхи дара? Сӕнӕфсир ныссадзӕг сӕнӕфсиры гагатӕй ма хӕра? Дзуг чи хизы, уый ӕхсыр ма нуаза?


Тимофей фӕлтӕрд кӕй у, уый та зонут, уымӕн ӕмӕ, фырт йӕ фыды фарсмӕ куыд балӕууа, афтӕ мемӕ Фарны Уац хъусын кӕныныл куыста ӕнувыдӕй.


Ӕз фыссын Тимофеймӕ, уырнындзинады руаджы мын ӕцӕг хъӕбул чи сси, уымӕ. Хорзӕх, арфӕ ӕмӕ дын фарн Фыд Хуыцауӕй ӕмӕ нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийӕ.


Уыцы фӕдзӕхстӕн йӕ нысан у, сыгъдӕг зӕрдӕ, сыгъдӕг цӕсгом ӕмӕ зӕрдиаг уырнынад кӕй бындур сты, ахӕм уарзондзинад.


Аргъуаны хистӕртӕ дыл сӕ къухтӕ куы ӕрӕвӕрдтой, уӕд дын пехуымпар ныхасмӕ гӕсгӕ Хуыцау цы курдиат радта, уымӕ уазал цӕстӕй ма кӕс.


Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уый у хорз ӕмӕ аппаринаг нӕу, бузныгӕй дзы куы хӕрай, уӕд,


О Тимофей, цы дын бабар чындӕуыд, уый бахъахъхъӕн. Ӕнӕгъдау дзӕгъӕлдзырдӕй ӕмӕ ӕнӕзонд быцӕутӕй дӕхи хиз.


Ӕз фыссын мӕ уарзон хъӕбул Тимофеймӕ. Хорзӕх, арфӕ ӕмӕ дын фарн Фыд Хуыцауӕй ӕмӕ нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийӕ!


Тох кодтон хъӕбатырӕй, мӕ фӕндагыл ацыдтӕн кӕронмӕ, мӕ уырнындзинад бахъахъхъӕдтон.


Ӕз фыссын Титмӕ, нӕ иумӕйаг уырнындзинады фӕрцы мын ӕцӕг хъӕбул чи сси, уымӕ. Фарн ӕмӕ дын хорзӕх Фыд Хуыцауӕй ӕмӕ нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийӕ.


Курын дӕ, ахӕстоны куы уыдтӕн, уӕд мӕ хъӕбулау чи сси, уыцы Онисимы тыххӕй.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ