23 Самуел хӕринаггӕнӕгӕн загъта: «Цы хай дӕм радтон, бафснай йӕ, зӕгъгӕ, уый-ма рахӕсс».
Йосеф сӕм йӕ фынгӕй ӕрвыста хӕйттӕ, ӕмӕ иннӕты хӕйттӕй Бениамины хай уыди фондз хатты стырдӕр. Ӕфсымӕртӕ дзӕбӕх фӕминас кодтой, фӕнуӕзтой Йосефимӕ.
Аннӕйӕн-иу радта сӕрмагонд хай, уымӕн ӕмӕ йӕ фылдӕр уарзта, кӕд ын Дунедарӕг зӕнӕг нӕ лӕвӕрдта, уӕддӕр.
Самуел Саулы ӕмӕ ӕххуырсты уазӕгдонмӕ акодта ӕмӕ сӕ хуынд адӕмы уӕле сбадын кодта. Хуынд адӕм уыдысты дӕс ӕмӕ ссӕдзы бӕрц.
Хӕринаггӕнӕг рахаста сгуы ӕмӕ йӕ Саулы раз ӕрӕвӕрдта. Самуел Саулӕн загъта: «Мӕнӕ, дӕуӕн кӕй бавӕрын кодтон, уыцы хай. Дӕ хорзӕхӕй, ӕрӕвнал ӕмӕ саход. Куывддонтӕм куы фӕдзырдтон, уӕдӕй тӕккӕ ацы сахаты онг дӕу тыххӕй ӕвӕрд уыд». Афтӕ уыцы бон Саул ӕмвынг уыди Самуелимӕ.