Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Паддзахӕдтӕ 9:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 «Райсом дӕм ацафон ӕрбарвитдзынӕн иу лӕджы, Бениамины зӕххыл цӕрджытӕй. Байсӕрд-иу ӕй паддзахӕй, цӕмӕй Мӕ адӕмӕн, Израилӕн, ӕлдариуӕг кӕна ӕмӕ Мын Мӕ адӕмы филистимӕгты къухӕй фервӕзын кӕна, уымӕн ӕмӕ Ӕз Ме ’фхӕрд адӕммӕ ӕркастӕн, ӕмӕ Мӕм сӕ сау марой фехъуыст».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Паддзахӕдтӕ 9:16
17 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Гъеныр уӕ фӕнд сӕххӕст кӕнут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг афтӕ загъта Давиды тыххӕй: „Мӕ цагъар Давиды фӕрцы Мӕ адӕмы, Израилы, филистимӕгтӕ ӕмӕ се ’ппӕт иннӕ знӕгтӕй фервӕзын кӕндзынӕн“».


Давиды псалом. Арфӕ кӕн, мӕ уд, Дунедарӕгӕн, арфӕ кӕн, мӕ зӕрдӕ, Йӕ уаз номӕн!


Адӕймаг хъуыды кӕны йӕ царды фӕндагыл, фӕлӕ йын йӕ къахдзӕфтӕ Дунедарӕг аразы.


Ӕмӕ мӕнӕ, Дунедарӕг куыд загъта, афтӕ мӕм мӕ фыды ’фсымӕры фырт Ханамел хъахъхъӕнджыты кӕртмӕ ӕрбацыд ӕмӕ загъта: «Бениамины зӕххыл мын, Анатоты сахары цур, зӕххы хай ис, ӕмӕ йӕ балхӕн, уымӕн ӕмӕ уыцы зӕхх дӕу хъуамӕ уа, йӕ цъындыаргъ дӕуӕн фидгӕ у, балхӕн ӕй». Уӕд ӕз бамбӕрстон, Дунедарӕджы ныхас кӕй сӕххӕст ис, уый.


Самуел райста сойы дурын, Саулы сӕрыл оливӕйы сой ӕруагъта, аба йын кодта ӕмӕ загъта: «Ацы байсӕрстӕй дӕ Дунедарӕг Йӕ адӕмӕн фӕтӕг зӕгъы.


Саул ӕмӕ йӕ адӕм ныхъхъӕр кодтой ӕмӕ хӕцӕнмӕ абырстой. Ӕмӕ дын мӕнӕ филистимӕгтӕ сӕ кӕрдтӕ куы сласиккой кӕрӕдзимӕ. Фыд азар сыл бафтыд.


Афтӕмӕй Дунедарӕг уыцы бон Израилӕн радта уӕлахиз. Хӕсты цӕхӕр анхъӕвзта суанг Бет-Авены фалемӕ.


Самуел загъта Саулӕн: «Дунедарӕг мӕ рарвыста дӕу Йӕ адӕмӕн, Израилӕн, паддзахӕй байсӕрдынмӕ. Гъемӕ байхъус, Дунедарӕг дын цы фӕдзӕхсы, уымӕ.


Дунедарӕг загъта Самуелӕн: «Кӕдмӕ хъынцъым кӕндзынӕ Саулыл? Ӕз ыл атигъ кодтон Мӕхи — уый нал уыдзӕн Израилы паддзах. Сыкъа сойӕ байдзаг кӕн ӕмӕ цу, ӕрвитын дӕ вифлеемаг Йессеймӕ. Уымӕн йӕ фырттӕй Ӕз равзӕрстон иуы, цӕмӕй йӕ паддзахӕй сӕвӕрон».


Нывонд ӕрхӕссынмӕ-иу ӕрбахон Йессейы, ӕмӕ дын Ӕз бацамондзынӕн, цы гӕнгӕ у, уый: кӕмӕй дын зӕгъон, уый Мын-иу байсӕрд».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ