11 Сахармӕ фӕндагыл, къуылдымыл, куы фӕхӕрд кодтой, уӕд амбӕлдысты дондзау чызджытыл ӕмӕ сӕ бафарстой: «Зонынджын ам ис ӕви нӕ?»
Уырдӕм куы бахӕццӕ ис, уӕд сахармӕ хӕстӕг, цъайы цур, баурӕдта йӕ теуатӕ. Уыд изӕрмӕ ӕввахс — дондзау чызджытӕ донмӕ куы рацӕуынц, тӕккӕ уыцы афон.
Авраамы цагъар куывд нӕма фӕцис, ӕмӕ дын мӕнӕ, йӕ дурын йе уӕхскыл, афтӕмӕй рацӕуы Ревеккӕ — Бетуелы, Милка ӕмӕ Авраамы ӕфсымӕр Нахоры фырты, чызг.
Фӕлӕ йын уыдон загътой: «Цалынмӕ дзугтӕ иууылдӕр ӕрӕмбырд уой, уӕдмӕ нӕ бон нӕу. Стӕй цъайы сӕрӕй къӕй ассондзыстӕм ӕмӕ фыстӕн дон бадардзыстӕм».
Йаков ма семӕ куыд ныхас кодта, афтӕ йӕ фыды фысвосимӕ ӕрбахӕццӕ ис Рахел дӕр — уый сӕ хызта.
афтӕ ӕрбацыдысты Мидианы сауджыны авд чызджы, цӕмӕй сӕ фыды дзугӕн тӕгӕнатӕм дон сисой.
Ӕнӕхуыцау! Рӕстуды хӕдзары раз асадӕны ма бад, йӕ хӕдзар ын ма сафтид кӕн,
Цъайты цурӕй хъуысынц фыййӕуты хъӕлӕстӕ, зарӕджы стауынц Дунедарӕджы уӕлахизтӕ — Израилы фӕтӕгты уӕлахизтӕ куы стауынц! Дунедарӕджы адӕм кулдуары раз ӕрлӕууыдысты!
«Гъемӕ хорз, куыд зӕгъыс, афтӕ бакӕнӕм», — загъта Саул йе ’ххуырстӕн. Ӕмӕ араст сты, Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг кӕм царди, уыцы сахармӕ.