10 «Гъемӕ хорз, куыд зӕгъыс, афтӕ бакӕнӕм», — загъта Саул йе ’ххуырстӕн. Ӕмӕ араст сты, Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг кӕм царди, уыцы сахармӕ.
Саулы фыды ’фсымӕр бафарста Саул ӕмӕ йе ’ххуырсты: «Кӕм уыдыстут?» Саул загъта: «Хӕрджыты агуырдтам, ӕмӕ сӕ куы нӕ ссардтам, уӕд ацыдыстӕм Самуелмӕ».
Сахармӕ фӕндагыл, къуылдымыл, куы фӕхӕрд кодтой, уӕд амбӕлдысты дондзау чызджытыл ӕмӕ сӕ бафарстой: «Зонынджын ам ис ӕви нӕ?»
(Раздӕр-иу Израилы исчи Хуыцауы фӕндон базонынмӕ куы цыд, уӕд-иу афтӕ дзырдтой: «Цом зонынджынмӕ», уымӕн ӕмӕ, ныр пехуымпар кӕй хонынц, уый раздӕр зонынджын хуыдтой.)