1 Бениамины зӕххыл царди иу лӕг, йӕ ном — Киш, Бениамины мыггагӕй, нымад адӕймаг. Йӕ фыдӕлтӕ кӕстӕрӕй хистӕрмӕ: Авиел, Церор, Бехорат, Афиах.
Барзиллай, хӕрз зӕронд лӕг, ӕстайаздзыд, уыди тынг бонджын ӕмӕ, паддзах Маханаимы куы уыди, уӕд ӕй ницы хъуаг уагъта.
Уыцы рӕстӕг Шушаны царди Бениамины байзӕддагӕй иу иудейаг, йӕ ном Мардохей, Иудейы паддзах Йехониаимӕ Вавилоны паддзах Навуходоносор Йерусалимӕй уацары кӕй ракодта, уыцы адӕмӕй. Мардохей уыди Иаиры фырт. Иаир та уыди Шимийы фырт, Кишы фырты фырт.
Авд мины йӕм фыстӕ ӕмӕ сӕгътӕ уыди, ӕртӕ мины — теуатӕ, фондзсӕдӕ — сыл хӕрджытӕ, фондзсӕдӕ цӕды — галтӕ. Йӕ бирӕ фӕсдзӕуинтӕ йын йӕ хабӕрттӕ кодтой, йӕхицӕй номдзыддӕр нӕ уыди Скӕсӕны.
Фӕстӕдӕр уыдон сӕхицӕн паддзах куырдтой, ӕмӕ сын Хуыцау Бениамины хӕдзарвӕндагӕй радта Кишы фырт Саулы. Уый паддзахиуӕг кодта дыууиссӕдз азы.
Ауадысты ӕмӕ йӕ ракодтой уырдыгӕй. Саул адӕмы ’хсӕн ӕрлӕууыд. Ахӕм бӕрзонд уыд, ӕмӕ йын ӕппӕт Израилы адӕмӕй йӕ роцъомӕ дӕр ничи ӕххӕссыд.
Саулы фыд Киш ӕмӕ Авнеры фыд Нер Авиелы фырттӕ уыдысты.
Калевы мыггагӕй иу лӕг, йӕ ном — Навал, Маоны сахайраг, йӕ дзугтӕ Кармелы сахары дардта. Тынг хъӕздыг уыд: ӕртӕ мины йӕм фыстӕ уыд, иу мин — сӕгътӕ. Йӕ фыстӕ ӕлвыдта ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Кармелы уыди. Навалы ус Авигеа — ӕмбаргӕ ӕмӕ рӕсугъд сылгоймаг, Навал йӕхӕдӕг та — фыдзонд ӕмӕ тыхдзырд.