Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Паддзахӕдтӕ 8:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Мысырӕй сӕ куы рахуыдтон, уыцы бонӕй нырмӕ Мӕнӕн алкӕддӕр куыд кодтой — ныууагътой-иу Мӕ ӕмӕ лӕггад кодтой ӕндӕр хуыцӕуттӕн, — ныр дӕуӕн дӕр афтӕ кӕнынц.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Паддзахӕдтӕ 8:8
22 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Нӕ фыдӕлты тӕригъӕдтӕ махӕн фидинаг ма фӕкӕн, Дӕ хорзӕх ныл ӕвӕстиатӕй ӕруадз, науӕд байсысти нӕ хъару.


Дзырдтой: «Фӕлтау Мысыры куы амардаиккам Дунедарӕджы къухӕй. Уым бадтыстӕм дзидзайы ӕгты уӕлхъус, нӕ фаг нын уыди дзул! Сымах та не ’ппӕты дӕр ацы ӕдзӕрӕг быдырмӕ сыдӕй амарынмӕ ракодтат».


ӕмӕ уайдзӕфты бын фӕкодтой Моисейы, домдтой дзы: «Ӕри нын дон! Дойны нын у». Моисей сын афтӕ: «Цы мын уайдзӕфтӕ кӕнут? Цӕмӕн фӕлварут Дунедарӕджы?»


Израилы адӕм бынӕй бирӕ фенхъӕлмӕ кастысты Моисейы ӕрыздӕхынмӕ хохӕй. Куынӕ ӕмӕ куынӕ зындис, уӕд ӕрӕмбырд сты Ааронмӕ ӕмӕ дзы ӕрдомдтой: «Нӕ разӕй чи цӕуа, ахӕм хуыцау нын сараз, науӕд нӕ Мысырӕй чи ракодта, уыцы лӕг — Моисей — цы баци, уымӕн ницы зонӕм».


„Алчидӕр уӕ йе ’фсымӕры, кӕй балхӕдта, уыцы дзуттаджы, йӕ куысты ӕвдӕм аз хъуамӕ ауадза. Ӕхсӕз азы йын лӕггад кӕнӕд, уый фӕстӕ йӕ хъуамӕ ссӕрибар кӕна“. Фӕлӕ Мӕм уӕ фыдӕлтӕ нӕ хъуыстой, Мӕ ныхӕстӕ Мын ницӕмӕ ӕрдардтой.


Загъта мын: «Адӕймаджы фырт! Ӕз дӕ ӕрвитын израилӕгтӕм, хивастӕй Мӕ ныхмӕ чи сыстад, уыцы змӕнтджытӕм. Сӕ фыдӕлтау суанг абоны онг фыдракӕндтӕ кӕнынц Мӕ разы.


Дыккаг бон дзыллӕ Моисей ӕмӕ Аароны ныхмӕ сыстадысты. Азымджын сӕ кодтой израилӕгтӕ: «Сымах Дунедарӕджы ӕвзӕрст адӕмы амардтат!»


Куы уӕ зонын, уӕдӕй нырмӕ нӕ кӕсут Дунедарӕджы коммӕ!


Израилӕгтӕ та Дунедарӕджы сӕ митӕй мӕсты кодтой, ӕмӕ сӕ дыууиссӕдз азмӕ филистимӕгты дӕлбар бакодта.


Дунедарӕг Израилмӕ тынг смӕсты ис ӕмӕ загъта: «Кӕд ацы адӕм, сӕ фыдӕлтимӕ сын цы фидыд сарӕзтон, уый халынц ӕмӕ Мӕм нӕ хъусынц,


Ехуд куы амарди, уӕд та израилӕгтӕ фӕстӕмӕ Дунедарӕджы сӕ митӕй мӕсты кӕнын райдыдтой,


Израилӕгтӕ та раздӕрау Дунедарӕджы сӕ митӕй мӕсты кӕнын райдыдтой, ӕмӕ сӕ Дунедарӕг авд азы дӕргъы мидианӕгты дӕлбар бакодта.


Дунедарӕг загъта Самуелӕн: «Ратт адӕмӕн, цыдӕриддӕр дӕ курынц, уый: уыдон дӕуыл нӕ, фӕлӕ Мӕныл атигъ кодтой сӕхи, цӕмӕй сын Ӕз мауал кӕнон паддзахиуӕг.


Гъемӕ сӕм байхъус. Ӕрмӕст сын бӕлвырд радзур, фидӕны паддзах сын хицауиуӕг куыд кӕндзӕни, уый».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ