Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Паддзахӕдтӕ 8:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Загътой йын: «Ды базӕронд дӕ, дӕ фырттӕ та дӕ фӕндагыл лӕуд не сты. Гъемӕ, иннӕ адӕмтӕм куыд у, афтӕ махӕн дӕр нӕ сӕргъы паддзах сӕвӕр, ӕмӕ нын хицауиуӕг кӕна».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Паддзахӕдтӕ 8:5
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Къӕдзӕхы сӕрӕй сӕм кӕсын, къуылдымтӕй сӕм фӕлгӕсын: хибарӕй цӕрынц ӕмӕ иннӕ адӕмтимӕ нымад не сты уыцы адӕм.


Фӕстӕдӕр уыдон сӕхицӕн паддзах куырдтой, ӕмӕ сын Хуыцау Бениамины хӕдзарвӕндагӕй радта Кишы фырт Саулы. Уый паддзахиуӕг кодта дыууиссӕдз азы.


Израилӕгтӕ Гедеонӕн загътой: «Паддзахӕй нӕм ныллӕу, дӕ фӕстӕ нын паддзах дӕ фырт суӕд, уый фӕстӕ та — дӕ фырты фырт. Ды нӕ мидианӕгтӕй фервӕзын кодтай!»


Сымах та абон уӕхи атигъ кодтат уӕ Хуыцауыл, кӕд ӕмӕ уӕ Уый уе ’ппӕт фыдбылызтӕ ӕмӕ хъизӕмӕрттӕй ирвӕзын кӕны, уӕддӕр ӕмӕ Йын загътат: „Сӕвӕр нын паддзах нӕ сӕргъы“. Гъемӕ ныр Дунедарӕджы раз ӕрлӕуут хӕдзарвӕндаггай, мыггаггай».


Гъемӕ мӕнӕ, кӕй равзӕрстат, уыцы паддзах. Паддзах куырдтат, ӕмӕ уын ӕй Дунедарӕг сӕвӕрдта уӕ сӕргъы.


Ныртӕккӕ мӕнӕугӕрдӕнтӕ не сты, ӕви? Фӕлӕ ӕз Дунедарӕгмӕ скувдзынӕн, ӕмӕ Уый рарвитдзӕн ӕрвнӕрд ӕмӕ къӕвда, ӕмӕ сымах базондзыстут ӕмӕ фендзыстут, уӕхицӕн паддзах куы ракуырдтат, уӕд Дунедарӕджы раз стыр тӕригъӕды кӕй бацыдыстут, уый».


Гъемӕ мӕнӕ уӕ паддзах. Абонӕй фӕстӕмӕ уын уый кӕндзӕни хицауиуӕг. Ӕз базӕронд дӕн, сурс дӕн, фӕлӕ мӕ фырттӕ дӕр уемӕ баззайдзысты. Мӕ сабибонтӕй абонмӕ уын лӕггад фӕкодтон.


Ӕртӕ боны размӕ дӕ цы сыл хӕрджытӕ фесӕфт, уыдоныл ма тыхс: разындысты. Ис ахсджиагдӕр хъуыддаг: Израилы хӕзнатӕ иууылдӕр сты дӕу ӕмӕ дӕ мыггаджы хай».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ