4 Уӕд Израилы хистӕртӕ иууылдӕр ӕрӕмбырд сты ӕмӕ Рамайы сахармӕ ӕрцыдысты Самуелмӕ.
Авнер Израилы хистӕрты раз раныхас кодта: «Сымах Давиды уӕхицӕн паддзахӕн рагӕй агуырдтат.
Израилы хистӕртӕ ӕмхуызонӕй паддзахмӕ Хевронмӕ ӕрбацыдысты. Уым, Дунедарӕджы раз, паддзах Давид семӕ фидыд сарӕзта, ӕмӕ йӕ Израилӕн паддзахӕй байсӕрстой.
Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Ссу Мӕм хохы сӕрмӕ. Демӕ ракӕн Аарон, Надав ӕмӕ Авигуйы ӕмӕ Израилы хистӕртӕй дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз лӕджы. Дардӕй-иу Мӕм бакувут.
Цу ӕмӕ ӕрӕмбырд кӕн Израилы адӕмы хистӕрты ӕмӕ сын зӕгъ, ӕргом мӕм, зӕгъ, рацыд уӕ фыдӕлты Хуыцау, Авраамы Хуыцау ӕмӕ Исаакы Хуыцау, Йаковы Хуыцау, ӕмӕ мын загъта: „Ӕз уӕм ӕркастӕн ӕмӕ федтон, Мысыры уын цытӕ кӕнынц, уый.
Райсомӕй раджы сыстадысты, скуывтой Дунедарӕгмӕ ӕмӕ сӕхимӕ, Рамайы сахармӕ, аздӕхтысты. Елкана йӕ ус Аннӕимӕ ӕмуат ӕрцыди. Дунедарӕджы зӕрдыл лӕууыд Аннӕ,
Уӕд ын Иавешы хистӕртӕ загътой: «Ратт нын авд боны, цӕмӕй Израилы алы кӕрӕттӕм арвитӕм минӕвӕрттӕ, ӕмӕ нын куы ничи баххуыс кӕна, уӕд дӕм рацӕудзыстӕм».
Уый фӕстӕ-иу ӕрыздӕхти Рамамӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ хӕдзар уым уыд. Уым дӕр тӕрхон кодта Израилӕн. Дунедарӕгӕн дзы сарӕзта нывондхӕссӕн.
Паддзахы сӕвӕрын дзы чи домдта, уыцы Самуел рафӕзмыдта Дунедарӕджы ӕппӕт ныхӕстӕ дӕр