Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Паддзахӕдтӕ 8:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Уӕд мах дӕр уыдзыстӕм ӕппӕт адӕмты хуызӕн: нӕ паддзах кӕндзӕни хицауиуӕг дӕр ӕмӕ уыимӕ уыдзӕни нӕ хӕстон фӕтӕг дӕр».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Паддзахӕдтӕ 8:20
13 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уый ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕны цад, хуыскъ зӕххыл сабузын кӕны суадӕттӕ.


Ӕз ӕмӕ Дӕ адӕм цӕмӕй базондзыстӕм, ӕхцон Дын стӕм, уый? Ӕрмӕстдӕр, немӕ кӕй рацыдтӕ, уымӕй нын равдисдзынӕ, зӕххы цъарыл нӕ иннӕ адӕмтӕй хъулон кӕй кӕныс, уый».


Къӕдзӕхы сӕрӕй сӕм кӕсын, къуылдымтӕй сӕм фӕлгӕсын: хибарӕй цӕрынц ӕмӕ иннӕ адӕмтимӕ нымад не сты уыцы адӕм.


Сымах ацы дунейӕ куы уаиккат, уӕд уӕ дуне йӕхионтау уарзид. Сымах ацы дунейӕ кӕй не стут, Ӕз уӕ кӕй равзӕрстон ӕмӕ уӕ дунейӕ кӕй фӕхицӕн кодтон, уый тыххӕй уӕ уыны ацы дуне йе сӕфт.


Уӕ ныфс уын цины хос уӕд; зынтӕн фӕразут, ӕвӕллайгӕ кувут.


Уымӕ гӕсгӕ рацӕут се ’хсӕнӕй ӕмӕ сӕ фӕхицӕн ут, — зӕгъы Бардарӕг, — сыгъдӕг цы нӕу, уымӕй уӕхи хизут, ӕмӕ уӕ Ӕз ӕркӕндзынӕн Мӕхимӕ.


Уымӕн ӕмӕ сымах сыгъдӕг адӕм стут Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн; сымах равзӕрста Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, зӕххы цъары ӕппӕт адӕмты ’хсӕн, цӕмӕй Йӕ адӕм уат.


Махӕн та нӕ бӕстӕ ис уӕлӕрвты, уырдыгӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм Ирвӕзынгӕнӕгмӕ дӕр — Бардарӕг Йесо Чырыстимӕ.


Сымах та стут ӕвзӕрст мыггаг, Паддзахы уаз лӕггадгӕнджытӕ, сыгъдӕг адӕм, Хуыцауы исбон, талынгӕй Йӕ диссаджы рухсмӕ кӕй ракодта ӕмӕ Йӕ алӕмӕты хъуыддӕгтӕ хъусын кӕнынмӕ кӕмӕ фӕсидти, Йӕ уыцы ӕвзӕрстытӕ.


Фӕлӕ аммонаг паддзах Нахаш уӕ ныхмӕ кӕй цӕуы, уый куы федтат, уӕд мын загътат: „Нӕ, уадз ӕмӕ паддзах уа нӕ сӕргъы“, афтӕмӕй та Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Йӕхӕдӕг у уӕ паддзах.


Гъемӕ мӕнӕ уӕ паддзах. Абонӕй фӕстӕмӕ уын уый кӕндзӕни хицауиуӕг. Ӕз базӕронд дӕн, сурс дӕн, фӕлӕ мӕ фырттӕ дӕр уемӕ баззайдзысты. Мӕ сабибонтӕй абонмӕ уын лӕггад фӕкодтон.


Загътой йын: «Ды базӕронд дӕ, дӕ фырттӕ та дӕ фӕндагыл лӕуд не сты. Гъемӕ, иннӕ адӕмтӕм куыд у, афтӕ махӕн дӕр нӕ сӕргъы паддзах сӕвӕр, ӕмӕ нын хицауиуӕг кӕна».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ