17 Уӕ лыстӕг фосӕн дӕр райсдзӕн йӕ дӕсӕймаг хай. Уе ’ппӕт дӕр ын уыдзыстут цагъартӕ.
Байсдзӕн уын уӕ цагъарты — нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, йӕхи бакӕндзӕн уе стуртӕ ӕмӕ уӕ хӕрджыты хуыздӕрты ӕмӕ сӕ йӕхицӕн кусын кӕндзӕн.
Уӕд ныккӕрздзыстут ӕмӕ хъаст кӕндзыстут, уӕхицӕн цы паддзах равзӕрстат, уымӕй, фӕлӕ уӕм Дунедарӕг нал ӕрыхъусдзӕн».
Голиаф ӕрлӕууыд ӕмӕ ныхъхъӕр кодта Израилы ӕфсады ’рдӕм: «Цӕмӕн рацыдыстут, хӕстӕргомӕй цы ’рлӕууыдыстут? Ӕз филистимаг куы дӕн, сымах та — Саулы цагъартӕ! Равзарут уе ’хсӕн иу лӕг, ӕмӕ мӕм ӕрхизӕд.
«Кӕддӕр ныл дӕ фыд уӕззау ӕфсондз сӕвӕрдта, ӕмӕ дӕ курӕм: нӕ куыст нын фӕрогдӕр кӕн, ӕмӕ дын мах лӕггад кӕндзыстӕм».
Цыдӕриддӕр ӕм уыдис, уымӕй йын Авраам дӕсӕймаг хай рахицӕн кодта». Йӕ ном «Мелхиседек» амоны «Рӕстады паддзах»; уый у Салимы паддзах, ома «Фарны паддзах».