14 Байсдзӕн уын уӕ быдыртӕ, уӕ сӕндӕттӕ ӕмӕ уӕ оливӕйы дыргъдӕтты хуыздӕртӕ ӕмӕ сӕ йӕ фӕсдзӕуинтӕн ратдзӕн.
Зӕгъ ын: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: ды лӕджы амардтай ӕмӕ ма йын йӕ фыдӕлтӕй цы хай баззад, ууыл дӕр ӕрбадинаг дӕ?“ Ноджы ма йын зӕгъ: „Куыйтӕ Навоты туг кӕм сдӕрдтой, уыцы ран сдӕрдзысты дӕ туг дӕр“».
Ӕмӕ Ахав Навотӕн загъта: «Дӕ сӕндон мын ратт! Мӕ галуанӕн йӕ тӕккӕ фарсмӕ лӕууы ӕмӕ дзы мӕхицӕн цӕхӕрадон саразин. Дӕуӕн та йӕ бӕсты балӕвар кӕндзынӕн уымӕй хуыздӕр сӕндон, йе та, кӕд дӕ фӕнды, уӕд дын йӕ аргъ бафиддзынӕн ӕвзистӕй».
Иезавел ын зӕгъы: «Израилы паддзах ды нӕ дӕ, ӕви? Сыст, бахӕр ӕмӕ мацӕуыл тыхс. Изреелаг Навоты сӕндон дын ӕз дӕ къухы бакӕндзынӕн».
Ӕцӕг, фӕтӕгӕн йӕ бон нӕу адӕмы исбонӕй райсын, сӕ зӕххытӕй сӕ сурын. Йӕ фырттӕн йӕ бон дӕттын у ӕрмӕст йӕхи исбонӕй, Мӕ адӕмӕй та йӕ зӕххы хайӕ никӕй ӕмбӕлы сурын».
Саул сын загъта: «Байхъусут-ма, Бениамины байзӕддаг! Йессейы фырт уе ’ппӕтӕн дӕр быдыртӕ ӕмӕ сӕндӕттӕ, мыййаг, ратдзӕн, уе ’ппӕты дӕр миныхицӕуттӕ ӕмӕ сӕдӕйыхицӕуттӕ скӕндзӕни?
Уӕ чызджыты дӕр уын байсдзӕн, цӕмӕй аразой хӕрздӕфгӕнӕнтӕ, кӕной хӕринаг, кӕной кӕрдзын.
Уӕ быдыртӕ ӕмӕ уын уӕ сӕндӕтты тыллӕгӕн райсдзӕн йӕ дӕсӕймаг хай ӕмӕ йӕ ратдзӕн йӕ барджынтӕ ӕмӕ йӕ фӕсдзӕуинтӕн.