Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Паддзахӕдтӕ 8:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 ӕмӕ загъта: «Уӕ сӕргъы цы паддзах лӕууа, уый уын хицауиуӕг кӕндзӕни мӕнӕ афтӕ: уӕ фыртты уын байсдзӕн ӕмӕ дзы иуты бафтаудзӕн йӕ тохуӕрдӕттыл, иннӕты — йӕ бӕхӕфсадыл, аннӕтӕ та уыдзысты паддзахы барджытӕ ӕмӕ йӕ уӕрдоны разӕй уайдзысты.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Паддзахӕдтӕ 8:11
14 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Фӕстӕдӕр Авессалом йӕхицӕн самал кодта тохуӕрдон ӕмӕ бӕхтӕ, стӕй дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз хъахъхъӕнӕджы.


Уыцы заман Хагиты лӕппу Адониа йӕхиуыл тынг фервӕссыд, паддзах суыдзынӕн, зӕгъгӕ, ӕнхъӕлдта. Уый самал кодта паддзахы уӕрдон, баххуырста барджытӕ, стӕй дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз фӕсдзӕуины.


Соломон ӕртымбыл кодта бирӕ тохуӕрдӕттӕ ӕмӕ бӕхтӕ. Тохуӕрдӕттӕ йӕм уыди мин цыппарсӕдӕ, хӕстон бӕхтӕ та — дыууадӕс мины. Дардта сӕ, тохуӕрдӕтты ӕфтауцуатӕн цы сахартӕ сарӕзта, уым, сӕ иу хай та сын ныууагъта йӕхимӕ, Йерусалимы.


Йе ’мгӕрттӕ йын дзуапп радтой: «Дӕ фыд ныл цы уӕззау ӕфсондз сӕвӕрдта, уый нын фӕрогдӕр кӕн, зӕгъгӕ дын цы адӕм дзурынц, уыдонӕн афтӕ зӕгъ: „Мӕ кӕстӕр ӕнгуылдз мӕ фыды агъдӕй ставддӕр у,


«Кӕддӕр ныл дӕ фыд уӕззау ӕфсондз сӕвӕрдта, ӕмӕ дӕ курӕм: нӕ куыст нын фӕрогдӕр кӕн, ӕмӕ дын мах лӕггад кӕндзыстӕм».


Роховам уыдоны бӕсты скӕнын кодта ӕрхуы уартытӕ ӕмӕ сӕ паддзахы галуаны дуар хъахъхъӕнджыты хицӕутты бӕрны бакодта.


Ныр Илийайыл та Дунедарӕг йӕ арм ӕруагъта, ӕмӕ уый йӕ фӕччитӕ йӕ роны атъыста ӕмӕ Ахавы уӕрдоны разӕй суанг Изреелы онг фезгъордта.


Самуел адӕмӕн радзырдта паддзахы барты тыххӕй, чиныджы сӕ ныффыста ӕмӕ чиныг Дунедарӕджы кувӕндоны сӕвӕрдта. Стӕй ӕппӕт адӕмы дӕр сӕ хӕдзӕрттӕм ауагъта.


Саулы заман филистимӕгтимӕ иудадзыг цыди карз хӕст. Саул-иу тыхджын ӕмӕ ӕхсарджын лӕгыл куы амбӕлди, уӕд-иу ӕй йе ’фсадмӕ ӕрбакодта.


Саул сын загъта: «Байхъусут-ма, Бениамины байзӕддаг! Йессейы фырт уе ’ппӕтӕн дӕр быдыртӕ ӕмӕ сӕндӕттӕ, мыййаг, ратдзӕн, уе ’ппӕты дӕр миныхицӕуттӕ ӕмӕ сӕдӕйыхицӕуттӕ скӕндзӕни?


Гъемӕ сӕм байхъус. Ӕрмӕст сын бӕлвырд радзур, фидӕны паддзах сын хицауиуӕг куыд кӕндзӕни, уый».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ