Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Паддзахӕдтӕ 7:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Самуел райста, нырма фӕдӕгӕй иртӕст чи нӕма уыд, ахӕм уӕрыкк ӕмӕ йӕ Дунедарӕгӕн иууылсудзинаг нывондӕн ӕрхаста. Израилы тыххӕй Дунедарӕгмӕ скуывта, ӕмӕ йын Дунедарӕг йӕ куывд айста.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Паддзахӕдтӕ 7:9
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ӕнӕхуыцӕуттӕн бацамондзынӕн Дӕ фӕндӕгтӕ, ӕмӕ Дӕм тӕригъӕдджынтӕ раздӕхдзысты.


Дунедарӕг мын загъта: «Мӕ разы суанг Моисей ӕмӕ Самуел куы ӕрлӕууыдаиккой, уӕд дӕр Ӕз ацы адӕмӕн нӕ фӕтӕригъӕд кодтаин. Фесаф сӕ Мӕ цурӕй, цӕугӕ кӕнӕнт!


«Ногзад род, уӕрыкк кӕнӕ сӕныччы авд боны ныууадзын хъӕуы йӕ мадимӕ, ӕстӕм бонӕй фӕстӕмӕ йӕ Дунедарӕгӕн нывондӕн ӕрхӕссын ӕмбӕлы.


Дунедарӕгӕн лӕгъстӕ кодтон ӕмӕ куывтон: „О Дунедарӕг Хуыцау, ма бабын кӕн Дӕ адӕмы — Дӕ исбон! Ды сӕ фервӕзын кодтай, барджын кӕй дӕ, уый фӕрцы, Дӕ хъомысджын къухӕй сӕ ракодтай Мысырӕй.


Уӕдӕ уӕ тӕригъӕдтӕ ӕргом кӕнут кӕрӕдзийӕн, кувут кӕрӕдзийы тыххӕй ӕмӕ сӕнӕниз уат. Рӕстгӕнӕджы зӕрдиаг куывды бон бирӕ у.


Уыдоны бӕсты уыцы къуыбырыл Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, нывондхӕссӕн сараз ӕмӕ йыл, цы хъӕуы, уыдӕттӕ сӕвӕр. Хӕрзхаст гал-иу равзар ӕмӕ йӕ иууылсудзинаг нывондӕн ӕрхӕсс, кӕй акалай, уыцы Ашерӕйы цӕджындз та-иу дын сугӕн ацӕуӕд».


Райсомӕй хъӕуы цӕрджытӕ куы сыстадысты, уӕд федтой: Баалы нывондхӕссӕн пырх, Ашерӕйы цӕджындз — калд, ногарӕзт нывондхӕссӕныл та нывондӕн ӕрхастӕуыд хӕрзхаст гал.


Мӕ разӕй-иу цу Гилгалмӕ. Ӕз дӕм ныццӕудзынӕн иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ ӕрхӕссынмӕ. Авд боны-иу банхъӕлмӕ кӕс ме ’рцыдмӕ, стӕй дын бацамондзынӕн, цы гӕнгӕ у, уый».


Ныртӕккӕ мӕнӕугӕрдӕнтӕ не сты, ӕви? Фӕлӕ ӕз Дунедарӕгмӕ скувдзынӕн, ӕмӕ Уый рарвитдзӕн ӕрвнӕрд ӕмӕ къӕвда, ӕмӕ сымах базондзыстут ӕмӕ фендзыстут, уӕхицӕн паддзах куы ракуырдтат, уӕд Дунедарӕджы раз стыр тӕригъӕды кӕй бацыдыстут, уый».


Уӕд Самуел афтӕ зӕгъы: «Куыд ацӕуон? Саул хабар фехъусдзӕн ӕмӕ мӕ амардзӕн». Дунедарӕг загъта: «Иу дыгӕрдыг демӕ акӕн, ӕмӕ-иу зӕгъ: „Дунедарӕгӕн нывонд хӕссынмӕ ӕрбацыдтӕн“.


Ӕз та Мӕхицӕн сӕвӕрдзынӕн иузӕрдион сауджын, Мӕ фӕндон Мын чи ӕххӕст кӕна, ахӕм. Ӕз ын даргъ-уӕрӕх ауадздзынӕн йӕ хӕдзарвӕндаг, ӕмӕ ӕнусмӕ лӕггад кӕндзӕни Мӕ байсӕрст паддзахӕн.


Уый фӕстӕ-иу ӕрыздӕхти Рамамӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ хӕдзар уым уыд. Уым дӕр тӕрхон кодта Израилӕн. Дунедарӕгӕн дзы сарӕзта нывондхӕссӕн.


Уыдон дзуапп радтой: «Ам ис. Ӕмраст ацӕут. Ӕрмӕст тагъддӕр. Абон ӕрбацыди сахармӕ, уымӕн ӕмӕ адӕм абон уӕлӕ кувӕн къуыбырыл нывонд хӕссынц.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ