8 ӕмӕ загътой Самуелӕн: «Дунедарӕгмӕ нын, нӕ Хуыцаумӕ, ӕнӕрӕнцойӕ кув, ӕмӕ нӕ филистимӕгтӕй фервӕзын кӕна».
Ассирийы паддзах йӕ хистӕр дзагдары ӕрбарвыста цардӕгас Хуыцауӕн фидистӕ кӕнынмӕ. Тӕхуды ӕмӕ Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, куы фехъусид, куыд ӕй фауынц, уый! Гъемӕ скув, удӕгас ма нӕ чи баззад, уыдоны тыххӕй».
Сионы сӕраппонд ӕз хъусӕй нӕ лӕудзынӕн, Йерусалимы сӕрвӕлтау нӕ басабыр уыдзынӕн, цалынмӕ сӕуӕхсидау нӕ сӕрттива йӕ рӕстад, судзгӕ цырагъау — йӕ ирвӕзындзинад.
Кӕд уыдон пехуымпартӕ сты ӕмӕ сӕм Дунедарӕджы ныхас ис, уӕд Уӕларвӕфсады Бардарӕгӕн лӕгъстӕ кӕнӕнт, цӕмӕй ма Дунедарӕджы Кувӕндоны, стӕй Иудейы паддзахы галуаны ӕмӕ, Йерусалимы цы мигӕнӕнтӕ баззад, уыдон дӕр Вавилонмӕ ласт ма ӕрцӕуой.
пехуымпар Йеремиамӕ ӕмӕ йын загътой: «Курӕм дӕ, сӕххӕст нын кӕн нӕ курдиат! Адӕмӕй ма чи аирвӕзт, уыдоны тыххӕй Дунедарӕгмӕ, дӕ Хуыцаумӕ, скув. Дӕхӕдӕг ӕй уыныс: чысыл йеддӕмӕ нал стӕм, раздӕр та бирӕ уыдыстӕм.
Уӕдӕ уӕ тӕригъӕдтӕ ӕргом кӕнут кӕрӕдзийӕн, кувут кӕрӕдзийы тыххӕй ӕмӕ сӕнӕниз уат. Рӕстгӕнӕджы зӕрдиаг куывды бон бирӕ у.