Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Паддзахӕдтӕ 7:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Израилӕгтӕ Баалтӕ ӕмӕ Астартӕты раппӕрстой ӕмӕ ӕрмӕстдӕр Дунедарӕгӕн лӕггад кӕнын райдыдтой.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Паддзахӕдтӕ 7:4
11 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Афтӕ сӕ уый тыххӕй бафхӕринаг дӕн, ӕмӕ Мӕныл сӕхи атигъ кодтой ӕмӕ райдыдтой кувын сидойнӕгты ус-хуыцау Астартӕмӕ ӕмӕ Кемошмӕ, моавӕгты хуыцаумӕ, стӕй Милкоммӕ, аммонӕгты хуыцаумӕ. Соломоны фыд Давидӕй хъауджыдӕр адон Мӕ фӕдыл нал цӕуынц, Ӕз растыл цы нымайын, уыдӕттӕ нал кӕнынц, Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Мын мӕ амындтытӕ нал ӕххӕст кӕнынц.


Соломон райдыдта кувын сидойнӕгты ус-хуыцау Астартӕмӕ ӕмӕ аммонӕгты ӕлгъаг Милкоммӕ.


Гъемӕ сӕ уацары чи акодта, уыцы фыдгулты зӕххыл Дын сӕ уд, сӕ зӕрдӕ куы снывонд кӕной, се ’ргом куы саразой, кӕддӕр сын сӕ фыдӕлтӕн цы зӕхх саккаг кодтай, Дӕхицӕн цы сахар равзӕрстай ӕмӕ ӕз Дӕ номыл цы Кувӕндон сарӕзтон, уыдонмӕ,


Фехӕлдта Вефилы нывондхӕссӕн, стӕй, Израилы адӕмы тӕригъӕды амӕттаг чи бакодта, уыцы Йоровам, Наваты фырт, уым цы кувӕн къуыбыр скодта, уый. Арты йӕ басыгъта ӕмӕ йӕ бассадта. Басыгъта табуйаг цӕджындз.


Скувут Дунедарӕгмӕ ӕмӕ Йын зӕгъут: «Ныббар нын нӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ нын айс нӕ куывд, нӕ дзыхы ныхас Дын ӕрхӕсдзыстӕм нывондӕн.


Йӕ быны чи царди, уыдон раздӕхдзысты фӕстӕмӕ, хорарӕхӕн суыдзӕни сӕ цард, сӕнӕфсиры зӕнгау дидинӕг скалдзысты, Ливаны сӕнау сӕ кой айхъуысдзӕни дардыл.


Израилӕгтӕ, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы хъуыддӕгтӕ уыдысты, уыдоныл фӕцалх сты, Баалтӕн лӕггад кодтой.


Сӕ Хуыцауы ныууагътой, Баалтӕн ӕмӕ Астартӕтӕн лӕггад кодтой.


Самуел сын загъта: «Кӕд зӕрдиагӕй раздӕхтыстут Дунедарӕгмӕ, уӕд ӕцӕгӕлон хуыцӕутты ӕмӕ Астартӕты уӕхицӕй аиуварс кӕнут, уӕ зӕрдӕ Дунедарӕгӕн раттут ӕмӕ иунӕг Уымӕн лӕггад кӕнут, ӕмӕ уӕ Уый филистимӕгтӕй фервӕзын кӕндзӕн».


Самуел загъта: «Ӕппӕт израилӕгтӕ дӕр Мицпамӕ ӕрӕмбырд уӕнт, ӕмӕ уын ӕз Дунедарӕгмӕ скувдзынӕн».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ