17 Уый фӕстӕ-иу ӕрыздӕхти Рамамӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ хӕдзар уым уыд. Уым дӕр тӕрхон кодта Израилӕн. Дунедарӕгӕн дзы сарӕзта нывондхӕссӕн.
Уым сарӕзта нывондхӕссӕн ӕмӕ йӕ схуыдта Ел-Елохе-Исраел.
ӕмӕ уым сарӕзта нывондхӕссӕн. Уыцы бынат схуыдта Ел-Бет-Ел, уымӕн ӕмӕ, йе ’фсымӕрӕй куы алыгъди, уӕд ӕм уыцы ран Хуыцау ӕргом рацыди.
афсӕрстой комы нарӕджы ӕмӕ зӕгъынц, Гевӕйы бахсӕвиуат кӕнӕм, зӕгъгӕ. Рамайы сахайрӕгтӕ ӕмризӕджы ризынц, Саулы сахар Гевӕйы адӕм та лидзӕг фесты.
Уый бадти Деворӕйы пальмӕйы бын, Рама ӕмӕ Вефилы ’хсӕн, Ефремы хӕхты. Израилӕгтӕ йӕм уырдӕм цыдысты, ӕмӕ сын уый сӕ хъуыддӕгтӕ ӕвзӕрста.
Уыцы ран Гедеон Дунедарӕгӕн нывондхӕссӕн сарӕзта ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Яхве-Шалом. Уыцы нывондхӕссӕн абоны онг дӕр ис Офрайы, Авиезеры зӕххыл.
Ефремы хӕхбӕсты, Раматаим-Цофимы сахары, царди иу лӕг, ефремон, йӕ ном — Елкана. Йӕ фыд Йерохам уыди Елигуйы фырт, Елигуйы фыд Тоху — Цуфы фырт.
Райсомӕй раджы сыстадысты, скуывтой Дунедарӕгмӕ ӕмӕ сӕхимӕ, Рамайы сахармӕ, аздӕхтысты. Елкана йӕ ус Аннӕимӕ ӕмуат ӕрцыди. Дунедарӕджы зӕрдыл лӕууыд Аннӕ,
Ӕмӕ адӕм иууылдӕр ацыдысты Гилгалмӕ. Уым Дунедарӕджы раз Саулы расидтысты паддзахӕй ӕмӕ Дунедарӕгӕн ӕрхастой фидыды нывӕндтӕ. Стыр цины бӕрӕгбон сарӕзтой уым Саул ӕмӕ ӕппӕт израилӕгтӕ.
Афтӕмӕй Саул Дунедарӕгӕн сарӕзта нывондхӕссӕн. Уый йӕ конд нывондхӕссӕнтӕн уыди сӕ фыццаг.
Стӕй Самуел ацыди Рамамӕ. Саул дӕр ссыд йӕ хӕдзармӕ, Саулы Гевӕмӕ.
Елкана ацыди Рамамӕ, йӕ хӕдзармӕ, лӕппу та сауджын Елиамӕ баззади Дунедарӕгӕн лӕггад кӕнынмӕ.
Уӕдмӕ Самуел амарди. Фӕхъыг ыл кодтой Израилы адӕм, ӕмӕ йӕ баныгӕдтой Рамайы, йӕ сахары. Ныр Саул та бӕстӕйӕ фӕсырдта мӕрдтӕмсидджытӕ ӕмӕ дӕсныты.
Уӕд Израилы хистӕртӕ иууылдӕр ӕрӕмбырд сты ӕмӕ Рамайы сахармӕ ӕрцыдысты Самуелмӕ.
Уыдон дзуапп радтой: «Ам ис. Ӕмраст ацӕут. Ӕрмӕст тагъддӕр. Абон ӕрбацыди сахармӕ, уымӕн ӕмӕ адӕм абон уӕлӕ кувӕн къуыбырыл нывонд хӕссынц.