Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Паддзахӕдтӕ 7:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Самуел Мицпа ӕмӕ Шены ӕхсӕн ныссагъта дур ӕмӕ йӕ схуыдта Евен-Езер. Загъта: «Ацы бынаты онг нын Дунедарӕг ӕххуыс кодта».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Паддзахӕдтӕ 7:12
18 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уыцы бынат Авраам схуыдта Йахве-Ире. Уымӕ гӕсгӕ фӕзӕгъынц ныр дӕр, Дунедарӕджы хохыл бӕрӕг уыдзӕни, зӕгъгӕ.


Йӕ ном цӕрдзӕни ӕнусмӕ. Цалынмӕ хур рухс кӕна, уӕдмӕ нӕ ферох уыдзӕн йӕ ном. Уый уыдзӕнис арфӕгонд, ӕппӕт адӕмтӕ йӕ амондджын хондзысты.


Къӕвдайау, тыгъдызӕйау ӕрцӕуӕд зӕхмӕ;


Моисей сарӕзта нывондхӕссӕн ӕмӕ йӕ схуыдта Йахве-Нисси.


Уыцы бон Дунедарӕгӕн Мысыры бӕстастӕу ӕвӕрд ӕрцӕудзӕни нывондхӕссӕн, йӕ арӕныл та — Дунедарӕджы уаз дур:


Фӕлӕ абоны онг, Хуыцауы ӕххуысӕй, лӕууын ӕнӕфӕцудгӕ ӕмӕ дзурын хуымӕтӕг адӕмӕн дӕр ӕмӕ номдзыдтӕн дӕр. Дзургӕ та кӕнын, пехуымпартӕ ӕмӕ Моисей рагагъоммӕ цы загътой, ӕрмӕстдӕр уый.


Мах кастыстӕм мӕлӕты дзыхмӕ, ӕмӕ нӕ дзы Хуыцау бахызта. Нӕ зӕрдӕ дарӕм, Уый та нӕ ногӕй кӕй фервӕзын кӕндзӕни,


Йешуа ӕндӕр дыууадӕс дуры ӕрӕвӕрдта Иорданы бӕстастӕу, Фидыды Чырын хӕссӕг сауджынтӕ кӕм лӕууыдысты, уым. Дуртӕ абон дӕр ма уыцы ран лӕууынц.


Афтӕмӕй Саул Дунедарӕгӕн сарӕзта нывондхӕссӕн. Уый йӕ конд нывондхӕссӕнтӕн уыди сӕ фыццаг.


Самуелы дзырд ахадыдта ӕппӕт Израилы дӕр. Уыцы рӕстӕг филистимӕгтӕ ӕрӕмбырд сты Израилимӕ схӕцынмӕ. Израилӕгтӕ дӕр рацыдысты сӕ ныхмӕ ӕмӕ рӕсӕнуат ӕркодтой Евен-Езеры рӕбын. Ныр филистимӕгты рӕсӕнуат та Афекы цур уыди.


Филистимӕгтӕ Хуыцауы Фидыды Чырын куы байстой, уӕд ӕй Евен-Езерӕй Ашдодмӕ


Израилӕгтӕ рацыдысты Мицпайӕ ӕмӕ филистимӕгты суанг Бет-Кары онг сӕ разӕй цӕгъдгӕ айстой.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ