Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Паддзахӕдтӕ 6:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Уыдон загътой: «Кӕд Израилы Хуыцауы Фидыды Чырын ӕрвитинаг стут, уӕд ӕй ӕнӕ ницӕмӕй ма ауадзут, фӕлӕ уыцы Хуыцауӕн уӕ аххосы ныхмӕ ӕнӕмӕнг нывонд ӕрхӕссут. Уӕд сдзӕбӕх уыдзыстут ӕмӕ базондзыстут, цӕй тыххӕй уӕ ӕфхӕры, уый».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Паддзахӕдтӕ 6:3
15 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Хуыцауӕн зӕгъдзынӕн: тӕрхон рахӕссынмӕ тагъд ма кӕн, мӕ азым уал мын бамбарын кӕн!


Фыццаджыдӕр, бӕрӕг кӕнут Донгонд дзулты бӕрӕгбон. Куыд уын бафӕдзӕхстон, афтӕ — авивы мӕйы (уыцы мӕй рацыдыстут Мысырӕй) нысангонд бонты, авд боны дӕргъы, хӕрут донгонд дзултӕ. Афтидармӕй уӕ Мӕ размӕ мачи ӕрбацӕуӕд.


Хӕрӕджы фыццаг нӕл къӕлӕу-иу баивут фысы фыццаг нӕл уӕрыккӕй. Куынӕ йӕ баиват, уӕд-иу ын асӕттут йӕ бӕрзӕй. Уӕ алы фыццаг фырты дӕр-иу балхӕнут Мӕнӕй. Афтидармӕй уӕ Мӕ размӕ мачи ӕрбацӕуӕд.


Фӕлӕ фараон куы федта, фыдбылызӕй фервӕзти, уый, уӕд йӕ зӕрдӕ ныддур кодта ӕмӕ та, Дунедарӕг сын куыд дзырдта, афтӕ нӕ байхъуыста Моисей ӕмӕ Ааронмӕ.


Йӕ азымы тыххӕй Дунедарӕгӕн тӕригъӕды нывондӕн ӕрбакӕнӕд фыс кӕнӕ сӕгъ. Сауджын сӕххӕст кӕндзӕн тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау ӕмӕ йӕ ссыгъдӕг кӕндзӕн йӕ тӕригъӕдӕй.


Йӕ азымы тыххӕй сауджынмӕ ӕрбакӕнӕд ӕнӕсахъат фыс — Дунедарӕгӕн фиддоны нывондӕн; аргъонд ын хъуамӕ ӕрцӕуа кувӕндоны ӕвзист шекелтӕй.


Уӕ нӕлгоймӕгтӕ се ’ппӕт дӕр афӕдз ӕртӕ хатты хъуамӕ ӕрлӕууой Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз, Йӕ номыл цы бынат равзара, уым: Донгонд дзулты, Къуыриты ӕмӕ Халагъудты бӕрӕгбӕтты. Афтидармӕй мачи ӕрбацӕуӕд!


Фӕдзырдтой Филистимы ӕлдӕрттӕм ӕмӕ сын загътой: «Арвитут Израилы Хуыцауы Фидыды Чырын, уадз ӕмӕ фӕстӕмӕ йӕ бынатыл сӕмбӕла, науӕд сӕфӕм — адӕм мыггагыскъуыд фӕуыдзысты». Ӕппӕт сахайрӕгты дӕр бацыди мӕлӕтдзаг тас, Хуыцау сӕ Йӕ азары хай бакодта.


Уый фенгӕйӕ, Ашдоды адӕм загътой: «Израилы Хуыцауы Фидыды Чырын махмӕ мауал уӕд, уымӕн ӕмӕ уыцы Хуыцау ӕгӕр карз у махӕн дӕр ӕмӕ нӕ хуыцау Дагонӕн дӕр».


Куыддӕр бахӕццӕ ис, афтӕ Дунедарӕг Гаты сахарыл фыд азар бафтыдта. Сахары цӕрджытӕн сӕ буар — стырӕй, чысылӕй — къуызыртӕй нал зынди.


Райсут Дунедарӕджы Фидыды Чырын ӕмӕ йӕ уӕрдоны сӕвӕрут, уӕ аххосы тыххӕй Йын цы сыгъзӕрин дзауматӕ снывонд кӕнат, уыдон та Чырыны фарсмӕ къоппы нывӕрут. Стӕй-иу Чырын арвитут, уадз ӕмӕ цӕуа.


Кӕсут-иу: кӕд ӕмӕ йӕхи бӕстӕм, Бет-Шемешмӕ цӕуа, уӕд нын ацы стыр фыдбылыз Израилы Хуыцау ракодта, кӕд нӕ, уӕд та йӕ зондзыстӕм: мах ӕфхӕрд Уый къухӕй нӕ баййӕфтам, фӕлӕ ныл ацы хабар ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрцыд».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ