Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Паддзахӕдтӕ 6:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Филистимӕгтӕ фӕдзырдтой сауджынтӕ ӕмӕ дӕсныфӕрсджытӕм ӕмӕ сӕ бафарстой: «Цы бакӕнӕм Дунедарӕджы Фидыды Чырынӕн? Бацамонут нын, йӕ бынатыл ӕй куыд сӕмбӕлын кӕнӕм, уый».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Паддзахӕдтӕ 6:2
10 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Фараон катайы бацыд ӕмӕ райсомӕй Мысыры дӕсныфӕрсджытӕ ӕмӕ куырыхонтӕм се ’гасмӕ дӕр фӕсидт ӕмӕ сын йӕ фынтӕ радзырдта. Фӕлӕ уыдонӕй никӕй бон баци фараоны фынтӕ райхалын.


Уӕд фараон фӕсидти йӕ куырыхонтӕм ӕмӕ йӕ кӕлӕнгӕнджытӕм, ӕмӕ Мысыры дӕсныфӕрсджытӕ дӕр хин ӕмӕ кӕлӕны руаджы афтӕ бакодтой:


Фӕлӕ Ды, Дунедарӕг, ныууагътай Дӕ адӕмы, Йаковы хӕдзарвӕндаджы, уымӕн ӕмӕ бирӕ хъуыддӕгтӕй байдыдтой Скӕсӕны адӕмты фӕзмын. Филистимӕгтау сӕм фӕзынди дӕсныфӕрсджытӕ, ӕндӕрбӕстӕгтимӕ сӕмдзӕхдон сты.


Паддзах фӕсидти кӕлӕнгӕнджытӕ, дӕсныфӕрсджытӕ, стъалыдӕснытӕ ӕмӕ халдейаг куырыхонтӕм. Куы ӕрбацыдысты ӕмӕ йӕ разы куы ӕрлӕууыдысты, уӕд сын


Паддзах хъӕрӕй бардзырд радта, кӕлӕнгӕнджытӕ, стъалыдӕснытӕ ӕмӕ иннӕ халдейаг куырыхонтӕм фӕдзурут, зӕгъгӕ. Паддзах Вавилоны куырыхонтӕн загъта: «Ацы фыст мын чи бакӕса ӕмӕ йӕ чи бамбарын кӕна, уый сфӕлынддзысты сӕнт сырх дарӕсы, йӕ хъуырыл ын ӕркӕндзысты сыгъзӕрин рӕхыс, ӕз ӕмӕ ус-паддзахы фӕстӕ паддзахады нымад уыдзӕн ӕртыккаг хицауыл».


Уӕд иудейаг алчертӕ ӕмӕ динамонджыты иууылдӕр ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ сӕ фарста: «Чырысти кӕм хъуамӕ райгуыра?»


Арвыстой ӕмӕ Филистимы ӕлдӕртты се ’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кодтой ӕмӕ сӕ бафарстой: «Цы уынаффӕ кӕнӕм Израилы Хуыцауы Фидыды Чырынӕн?» Уыдон загътой: «Гатмӕ хаст ӕрцӕуӕд». Ӕмӕ Фидыды Чырын Гатмӕ ахастой.


Дунедарӕджы Фидыды Чырын Филистимы зӕххыл фӕци авд мӕйы.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ